14 Цӕрдӕг нӕ алидздзӕн, тыхджынӕн фесӕфдзӕн йӕ хъару, нӕ фервӕздзӕн хъӕбатыр.
Ӕнаккӕгтӕн та сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн, сӕ сӕр кӕм бафснайой, уый сын нӕ уыдзӕн, сӕ зӕрдӕдарӕн фесӕфдзӕн».
Дунедарӕг раст лӕгмӕ ӕркӕсы ӕмӕ йын фехъусы йӕ дзыназын,
Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.
Фыййӕуттӕн бамбӕхсын нӕ бантысдзӕн, рӕгъауы фӕтӕгтӕ нӕ фервӕздзысты.
Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ сӕ йе ’фсӕддонтӕ куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. Ӕхсӕвы, паддзахы дыргъдоны дыууӕ сисы ’хсӕн цы кулдуар уыди, ууылты рацыдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм араст сты.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй.
Уый къӕйных лӕджы фесафы, ӕмӕ сисӕхгӕд фидарӕн йе сӕфт ӕрцӕуы.