Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 2:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Мӕнӕ уӕ Ӕз хорӕй йедзаг уӕрдонау ныссӕнддзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 2:13
10 Iomraidhean Croise  

Цыма хуымы астӕу бастам куыристӕ, ӕмӕ мӕ куырис уырдыг слӕууыди, сымах куыристӕ та йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ӕркуывтой».


Дӕ хор дын ӕрӕмбырд кӕндзӕни ӕмӕ йӕ мусы бафснайдзӕни, ууыл баууӕнддзынӕн?


Мӕ зӕрдӕ уын нал исы уӕ мӕйногтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ бӕрӕгбӕттӕ: уӕз Мыл кӕнынц, бафӕлладтӕн уыдӕттӕн быхсын.


Ӕвзистӕй Мын не ’лхӕдтат хӕрздӕфгӕнӕн буд, нӕ Мӕ ’фсӕстат уӕ нывӕндты нардӕй. Фӕлӕ Мӕ уыйхыгъд фыдӕбоны хай кодтат уӕ тӕригъӕдтӕй, ӕвӕрдтат Мыл уӕ азымы уӕззау уӕргътӕ.


Уӕд Исайа загъта: «Ӕрбайхъусут-ма ардӕм, Давиды байзӕддаг! Адӕмы фыдӕбоны хай фӕкодтат, уый уын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ Хуыцауы дӕр фыдӕбоныл бафтауинаг стут?


Фӕлӕ, де ’взонджы бонтӕ кӕй не ’рымысыдтӕ ӕмӕ Мӕ ӕппӕт адӕттӕй кӕй мӕсты кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ митӕ дӕхи ныхмӕ фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй де ’ппӕт ӕлгъӕгты фӕстӕ ӕнӕфсарм митӕ мауал кӕнай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Ӕмӕ, чи фервӕза, уыдон, уацары сӕ кӕмӕ акӕной, уыцы адӕмты ’хсӕн ӕрхъуыды кӕндзысты Мӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз бауадздзынӕн хъынцъым, Мӕн чи ныууагъта, сӕ уыцы зӕрдӕты ӕмӕ, гуымирыты фӕдыл чи адзӕгъӕл, сӕ уыцы цӕстыты. Ӕмӕ уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн фенӕуынон уыдзысты се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕлгъаг миты тыххӕй.


Сымах Дунедарӕджы уӕ ныхӕстӕй смӕсты кӕнут, уӕхӕдӕг дзурут, цӕмӕй Йӕ кӕнӕм мӕсты, зӕгъгӕ. Дунедарӕг алы фыдгӕнӕгмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсы ӕмӕ ахӕмтыл ауды, зӕгъгӕ, кӕй фӕзӕгъут, уымӕй. Ноджы ма сымах зӕгъут: «Кӕм ис рӕстдзинады Хуыцау?»


ӕмӕ Дунедарӕджы размӕ сӕмбӕлын кодтой сӕ хуын: ӕхсӕз ӕмбӕрзт уӕрдоны ӕмӕ дыууадӕс стуры; иу уӕрдон алы дыууӕ фӕтӕгӕй ӕмӕ фӕйнӕ галы алы фӕтӕгӕй дӕр. Галтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ Уаз Цӕрӕны размӕ ӕрбацыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan