12 Сымах та-иу, Мӕхицӕн кӕй снывонд скодтон, уыдоны сӕнӕй ныррасыг кодтат, Мӕ пехуымпартӕн сдзурыны бар нӕ лӕвӕрдтат.
Уыдон зонынджынтӕн фӕзӕгъынц, мауал, дам, дзурут рагуацтӕ, пехуымпартӕн та — мауал, дам, нын хъусын кӕнут рагацау рӕстдзинад, кӕнут нын козбау ныхӕстӕ, дзурут нын зӕрдӕхцон цӕстылуайӕнтӕ.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Анатоты цӕрджыты тыххӕй, дӕ мӕлӕтмӕ дын чи бӕллы ӕмӕ дын афтӕ чи дзуры: «Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг ма кӕн, науӕд дӕ амардзыстӕм».
Ӕз рехавонтӕн сӕ разы сӕнӕй йедзаг дурынтӕ ӕмӕ нуазӕн кӕхцытӕ ӕрӕвӕрдтон, загътон сын: «Бануазут сӕн».
Вефилы та мацыуал дзур, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн йӕ кувӕндон ӕмӕ йӕ хӕдзар у».
Уӕдӕ ныр байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Ды зӕгъыс, пехуымпариуӕг мауал кӕн Израилы, Исаакы хӕдзарӕн мацыуал дзур, зӕгъгӕ.
Афтӕмӕй та уыдон пехуымпартӕн дзырдтой: «Рагуацтӕ мауал хъусын кӕнут, мах нӕ фӕхудинаг уыдзыстӕм!»
«Зӕгъ израилӕгтӕн: нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, назир суӕвыны тыххӕй сӕ исчи куы басомы кӕна, мӕхи Дунедарӕгӕн нывонд кӕнын, зӕгъгӕ,
уӕд хъуамӕ сӕн ӕмӕ махсымӕйӕ йӕхи хиза, сӕны дзмари ӕмӕ махсымӕйы дзмаримӕ хӕстӕг ма цӕуа, сӕнӕфсирӕй конд нозтытӕй макӕцы нуаза, сӕнӕфсир ӕмӕ сӕнӕфсиры хус йӕ дзыхмӕ ма хӕсса.