Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 2:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уӕ фырттӕй-иу уын равзӕрстон пехуымпартӕ, уӕ лӕппутӕй-иу снывонд кодтон Мӕхицӕн. Афтӕ нӕу, Израил? — зӕгъы Дунедарӕг. —

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 2:11
34 Iomraidhean Croise  

Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».


Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Овадиа ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ пехуымпары ӕмӕ сӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхста. Уырдӕм сын хаста хӕринаг ӕмӕ дон.)


Уый фӕстӕ-иу байсӕрд Нимшийы фырт Йегуйы, ӕмӕ йӕ скӕн Израилы паддзах. Авел-Мехолӕйаг Шафаты фырт Елисейы дӕр-иу байсӕрд ӕмӕ йӕ пехуымпар скӕн дӕ бӕсты.


Уӕд иу пехуымпар бацыд Израилы паддзах Ахавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: уыныс уыцы ӕнӕнымӕц бардз? Тӕккӕ абон дын ӕй дӕ къухтӕм дӕттын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Уӕд Дунедарӕджы фӕндӕй пехуымпартӕй иу иннӕмӕн загъта: «Цӕв мӕ!» Фӕлӕ уый не сразы ис йӕ ныццӕвыныл,


Уӕд уый йе ’мбӕрзӕн систа, ӕмӕ Израилы паддзах бамбӕрста, пехуымпартӕй кӕй у, уый.


Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, уый. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг фӕкӕны. Уый у Имлайы фырт Миха». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».


Уӕд Дунедарӕг израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ иудейӕгтӕн дӕр фӕдзӕхсын райдыдта Йӕ алы пехуымпар ӕмӕ йӕ алы зонынджыны уылты: «Ныууадзут уе ’наккаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕнут Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, кӕддӕр уӕ фыдӕлтӕн, ныр та сымахӕн дӕр Мӕ пехуымпарты фӕрцы кӕй бафӕдзӕхстон, уыдон».


Пехуымпартӕ Елисейӕн загътой: «Нӕ иумӕйаг цӕрӕн агъуыст нын ӕгӕр къуындӕг сси,


Дунедарӕг сӕм, сӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕдзухдӕр ӕрвыста Йӕ минӕвӕртты, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, йӕ Цӕрӕнӕн.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Анатоты цӕрджыты тыххӕй, дӕ мӕлӕтмӕ дын чи бӕллы ӕмӕ дын афтӕ чи дзуры: «Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг ма кӕн, науӕд дӕ амардзыстӕм».


О абоны фӕлтӕр! Дунедарӕджы ныхас бамбарут! Мыййаг, Ӕз искуы Израилӕн ӕдзӕрӕг быдыр, саудалынг зӕхх фестадтӕн? Уӕдӕ цӕмӕн зӕгъынц Мӕ адӕм: «Кӕдӕм нӕ фӕнды, уырдӕм цӕудзыстӕм, нӕ Дӕм раздӕхдзыстӕм?»


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕ фыдӕлтӕ Мӕм цавӕр азым ссардтой, цӕмӕн адард сты Мӕнӕй? Уыдон мӕнгдзинады фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр смӕнг сты.


Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ уӕздӕттӕн, стӕй ӕппӕт адӕмӕн загътой: «Ацы адӕймагӕн марыны тӕрхон рахӕссын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ пехуымпариуӕг кодта. Уый сымах фехъуыстат уӕхи хъустӕй!»


Уӕ фыдӕлтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй абонмӕ уӕм бонӕй-бонмӕ, ног ӕмӕ ногӕй ӕрвыстон Мӕ лӕггадгӕнджыты — пехуымпарты.


Дӕ лӕппутӕ куы уыдысты митӕй сыгъдӕгдӕр, ӕхсырӕй урсдӕр! Сырхварс фӕткъуыйау сырх — сӕ рустӕ, сапфиртау-иу цӕхӕртӕ калдтой.


Афтӕмӕй та уыдон пехуымпартӕн дзырдтой: «Рагуацтӕ мауал хъусын кӕнут, мах нӕ фӕхудинаг уыдзыстӕм!»


Ногӕй сӕ ӕрбакӕнын кодтой ӕмӕ сын тызмӕгӕй загътой, цӕмӕй сӕ ныхӕстӕ ныууадзой ӕмӕ, Йесойы номимӕ цыдӕриддӕр баст ис, уый кой мауал кӕной.


«Мах уын фидарӕй нӕ загътам, уыцы Адӕймаджы номӕй адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та ӕгас Йерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад. Уыимӕ ма Йын Йӕ мӕлӕт дӕр хъуамӕ мах ӕфсон фӕкӕнат».


Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.


Сӕхи ’хсӕнӕй сын сӕвӕрдзынӕн Ӕз дӕ хуызӕн пехуымпары. Йӕ комы йын Мӕ ныхӕстӕ бавӕрдзынӕн, ӕмӕ йын Ӕз цыдӕриддӕр зӕгъон, уыдӕттӕ дзурдзӕн.


Ӕмӕ Саул йӕ чапарты арвыста Давиды ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ уыдон пехуымпарты къорды, Самуел сӕ сӕргъы, афтӕмӕй пехуымпариуӕггӕнгӕ куы федтой, уӕд схайджын сты Хуыцауы Удӕй ӕмӕ уыдон дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой.


Ӕмӕ Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг ӕппӕт Израил дӕр базыдта, Дунедарӕг Самуелы Йӕхицӕн пехуымпарӕй кӕй равзӕрста, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan