9 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Тиры фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ уацайрӕгты се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой, ӕфсымӕрон фидыд фехӕлдтой.
Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, ӕмӕ Давидӕн галуан сарӕзтой.
Цӕссыджы дӕлвӕзы цӕугӕйӕ дӕр уыдон суадӕттӕ ссарынц, арфӕ йын ӕрхӕссы къӕвда.
Тир ӕмӕ Сидоны паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр;
Филистимӕгтӕн се сӕфты бон ӕрцӕудзӕн, Тир ӕмӕ Сидоны фӕстаг цӕдисонтӕ бабын уыдзысты. Дунедарӕг ныццӕгъддзӕн филистимӕгты, Кафторы цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны.
Дунедарӕг мын загъта:
Де сӕфты бон дӕ исбон, дӕ денджызонтӕ, дӕ наутӕрджытӕ, дӕ науӕмпъузджытӕ, дӕ сӕудӕджертӕ ӕмӕ дӕ хӕстонтӕ — дӕ адӕм иууылдӕр денджызы бын фӕуыдзысты.
Дӕ бирӕ ӕнаккаг митӕй, дӕ фӕлывд сӕудӕджеры куыстӕй дӕ уаз бынӕттӕ фегад кодтай ды. Дӕ сахарыл дын бандзардзынӕн арт, ӕмӕ дӕ уый аныхъуырдзӕн: сау фӕнык дӕ фестын кӕндзынӕн зӕххыл, чи дӕм кӕса, ӕппӕт уыдоны раз.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Едомы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ кардимӕ зылди йе ’фсымӕры фӕдыл, ӕдзух йӕ масты фӕдыл цыд, йӕ масты арт мынӕг нӕ кодта.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Газӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, уацары кӕй райстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой.
Ӕцӕгӕлӕттӕ йын йӕ исбон хӕлӕфӕй куы давтой, йӕ кулдуарӕй куы бахызтысты ӕмӕ Йерусалимыл хӕлттӕ куы ’ппӕрстой, уӕд ӕм ды та фӕрсӕрдыгӕй кастӕ. Ды дӕр уыдоны хуызӕн уыдтӕ!
Дунедарӕг рагуацы хуызы хъусын кӕны: Уый ӕрцӕрдзӕн Хадрахы бӕстӕйы, стӕй Дамаскы сахары, ӕппӕт адӕм ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ цӕстӕнгас Дунедарӕгмӕ сараздзысты;
«Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕргӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.
Уӕдӕ уын зӕгъын: Тӕрхоны Бон Тир ӕмӕ Сидонӕн сымахӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.
Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Уымӕн ӕмӕ, сымахмӕ цы диссӕгтӕ равдыстӕуыд, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы ӕрцыдаиккой, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕнычы сбадгӕйӕ, сӕ тӕригъӕдтыл раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.
Фӕлӕ Тир ӕмӕ Сидонӕн Тӕрхоны Бон сымахӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.