Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 1:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ашдоды зӕххыл дӕр, паддзахы бадӕны чи рабадт, уый, стӕй Ашкелоны паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Мӕ къух сисдзынӕн Екронмӕ, филистимӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдон цагъды фӕуыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 1:8
17 Iomraidhean Croise  

Иуахӕмы Озиа филистимӕгтимӕ схӕцыди, Гат, Йавне ӕмӕ Ашдоды сахартӕн сӕ систӕ ныззыгуым кодта. Ашдоды алфамбылай ӕмӕ филистимӕгты зӕххы иннӕ рӕтты сахартӕ сарӕзта.


Ӕз дӕм Ме ’ргом раздахдзынӕн ӕмӕ дӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн дӕ сыгъдоны чъизийӕ, дӕ къала дын иууылдӕр стайын кӕндзынӕн.


Ассирийы ӕфсады хицау йӕ паддзах Саргоны бардзырдмӕ гӕсгӕ Ашдоды сахармӕ цы аз бабырста ӕмӕ йӕ бацахста,


Фараон Газӕйы сахар куы нӕма басаста, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын филистимӕгты фидӕн базонын кӕна.


уый тыххӕй Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ къух сисдзынӕн филистимӕгтӕм — уыцы керетӕгтӕм, стӕй ма сӕ денджызгӕрӕтты чидӕриддӕр баззад, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн.


Тир, Сидон ӕмӕ филистимӕгты зӕххытӕ! Цы ис уӕ зӕрды? Мӕнӕй хъавут уӕ маст райсынмӕ? Уӕ фыдвӕндтӕ уын цыбыр рӕстӕгмӕ Ӕз уӕхиуыл ӕрцӕуын кӕндзынӕн,


Газӕйы фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.


Ашдод ӕмӕ Мысыры сахарты фехъусын кӕнут: «Ӕрӕмбырд ут Самарийы къуыбыртыл, акӕсут-ма, цытӕ дзы цӕуы, уымӕ: бӕстӕ — змӕст, адӕм се ’фсондзы бын удхарӕй мӕлынц!»


Йаковы байзӕддаг фестдзӕнис арт, Йосефы байзӕддаг — арты ’взӕгтӕ, Исавы байзӕддаг та — хъӕмп. Арт ыл бандзардзысты ӕмӕ йӕ фесафдзысты, Исавы байзӕддагӕй ничиуал баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ Дунедарӕг загъта.


«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.


Ашкелон уый куы фена, уӕд ыл тас бахӕцдзӕн, Газӕ дӕр фыр тӕссӕй нырриздзӕни, Екронӕн асӕтдзӕн йӕ ныфс. Газӕйы паддзах бабын уыдзӕн, Ашкелоны иунӕг цӕрӕг нал баззайдзӕн.


Ашдоды ӕрцӕрдзысты ӕцӕгӕлӕттӕ, Ӕз бассӕнддзынӕн сӕрыстыр филистимӕгты.


Филистимӕгтӕ Дунедарӕгӕн, сӕ аххос хынцгӕйӕ, цы сыгъзӕрин къуызыртӕ снывонд кодтой, уыдон уыдысты: иу — Ашдоды, иу — Газӕйы, иу — Ашкелоны, иу — Гаты, иу та — Екроны тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan