Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Паддзах Хазаелӕн йӕ хӕдзарыл арт бандзардзынӕн, Бен-Хадады фидӕрттӕ басудздзынӕн,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 1:4
20 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг ын загъта: «Аздӕх фӕстӕмӕ Дамаскы ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕмӕ куы бахӕццӕ уай, уӕд-иу уым Хазаелы байсӕрд ӕмӕ йӕ скӕн Сирийы паддзах.


Уӕд Йоахазы фырт Йоашӕн бантыст, йӕ заманы йын Бен-Хадады фыд Хазаел йӕ фыдӕй кӕй байста, уыцы сахартӕ фӕстӕмӕ йӕхи бакӕнын. Ӕртӕ хатты ныддӕрӕн кодта Бен-Хадады ӕфсӕдты ӕмӕ Израилы сахартӕ фӕстӕмӕ байста.


Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд Израилы адӕммӕ ӕмӕ сӕ Йоахазы заман Арамы паддзах Хазаелы къухмӕ радта, фӕстӕдӕр та сыл Хазаелы фырт Бен-Хадады ӕфсондз сӕвӕрдта.


Фӕлӕ иу заман Сирийы паддзах Бен-Хадад ӕрбамбырд кодта йе ’фсад, бабырста Израилы зӕхмӕ ӕмӕ Самарийыл ӕрхъула кодта.


Уӕд Аса Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ галуаны хӕзнадӕттӕй райста ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ӕмӕ сӕ Сирийы паддзах Бен-Хададӕн Дамаскмӕ арвыста. Бафӕдзӕхста йын афтӕ зӕгъын:


Куынӕ Мӕм байхъусат, сабатбон уын уаз куынӕ уа ӕмӕ уыцы бон Йерусалимы кулдуарыл уӕ уӕргътимӕ куы цӕуат, уӕд Ӕз ацы кулдуар басудздзынӕн, ӕмӕ уыцы ӕнӕ ахуысгӕ арт Йерусалимы галуантӕ иууылдӕр бабын кӕндзӕн».


Ӕз Дамаскы систыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Бен-Хадады галуантӕ аныхъуырдзӕн.


Сӕ бӕстӕйыл сын арт куы бандзарон ӕмӕ сӕ фарсхӕцджытӕ саст куы ’рцӕуой, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, уыцы Магогы сахартӕ ӕмӕ денджызгӕрон сахартӕ арты амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Израил йе Сфӕлдисӕджы ферох кодта ӕмӕ галуантӕ фӕцарӕзта. Иудӕ дӕр бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ бирӕ сарӕзта, фӕлӕ сӕ Ӕз арты хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уыцы арт аныхъуырдзӕн сӕ галуантӕ.


Тиры фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.


Ӕз Теманыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Боцрайы фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн.


Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн.


Газӕйы фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.


Арт бандзардзынӕн Моавы зӕххыл, ӕмӕ уыцы арт Керийоты фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. Тохы уынӕр ӕмӕ сыкъауадындзты уасын хъуысдзысты, афтӕмӕй йе сӕфт ӕрцӕудзӕни Моавӕн.


Ӕз арт бандзардзынӕн Иудӕйыл, Йерусалимы фидӕрттӕ саусыгъд бакӕндзынӕн.


Шехемӕгтӕн дӕр Хуыцау сӕ фыдракӕндтӕ бафидын кодта. Афтӕ сӕххӕст Иеруббаалы фырт Йотамы ӕлгъыст.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan