2 Амос загъта: — Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп.
Мӕ уд мын ракодтай мӕрдтыбӕстӕй, райгас мӕ кодтай, ингӕнмӕ куыннӕ ныххизон, афтӕ.
Цины уынӕримӕ Хуыцау ссыди уӕлӕмӕ, ссыди Хуыцау сыкъауадындзы зӕлтимӕ.
Паддзахы маст — домбайы рыхын, дӕхиуыл ӕй куы бафтауай, уӕд дӕ тӕригъӕд дӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн.
Зӕхх ныххус ис, хъӕрзы. Ливан уӕнтӕхъилӕй баруад, Шарон ӕдзӕрӕг фестад, Башан ӕмӕ Кармелы бӕлӕстӕн сӕ сыфтӕр азгъӕлд.
Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!
Дунедарӕг рацӕудзӕни гуыппырсарау, разӕнгард уыдзӕни хӕцынмӕ. Уӕлахизы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ Йӕ хъомысӕй ныффалгӕрон кӕндзӕни Йе знӕгты.
Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».
Кӕуы Иудей, йӕ кулдуӕрттӕ фӕлмӕцынц, ныссау сты, лӕзӕрынц зӕххыл; Йерусалимӕй хъарӕг хъуысы.
Ацы ныхӕстӕ сын иууылдӕр фехъусын кӕн, зӕгъ сын: «Дунедарӕг бӕрзондӕй ныннӕрдзӕн, Йӕ уаз цӕрӕнӕй райхъуысдзӕн Йӕ хъӕлӕс! Ныннӕрдзӕни Йӕ дзугыл, сӕндуцӕгау ныхъхъӕр кӕндзӕн ӕппӕт зӕххон цӕрджытыл!
Рагон пехуымпартӕ, мах размӕ пехуымпариуӕг чи кодта, уыдон бирӕ бӕстӕтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзахӕдтӕн дзырдтой, фидӕны сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц хӕстытӕ, бӕллӕхтӕ ӕмӕ рынтӕ.
Израилы та йӕ раздӕры сӕрвӕтмӕ раздахдзынӕн, Кармел ӕмӕ Башаны хиздзӕн, Ефремы хӕхты ӕмӕ Галаады йӕхи бафсаддзӕн.
Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.
Мӕхи-иу сыл ныццӕвдзынӕн, Йӕ лӕппынты кӕмӕн байсынц, уыцы мадӕл арсау, сӕ риутӕ сын рӕдувдзынӕн фӕйнӕрдӕм, ныхъуырдзынӕн сӕ мадӕл домбайау, хъӕддаг сырдтӕ сӕ аскъуындзысты.
О Дунедарӕг, Дӕумӕ дзыназын ӕз! Арт аныхъуырдта ӕдзӕрӕг быдыртӕ, басыгъта бӕлӕстӕ.
Дунедарӕгӕн Йе ’фсады раз райхъуысдзӕни Йӕ хъӕлӕс. Ӕнӕнымӕц, тыхджын сты Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ, хъусынц Ын Йӕ ныхасмӕ. Ӕвирхъау ӕмӕ тынг тӕссаг у Дунедарӕджы бон! Чи бафӕраздзӕн?
Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй, арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты. Фӕлӕ Дунедарӕг хъахъхъӕндзӕн Йӕ адӕмы, израилӕгтӕн суыдзӕн сӕ фидар.
Кармелы хохы цъуппыл куы бамбӕхсой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн ӕмӕ сӕ ’рцахсдзынӕн; денджызы бын Мӕ куы бамбӕхсой, уӕд сыл денджызы калмы сардаудзынӕн, цӕмӕй сыл фӕхӕца.
Денджызмӕ куы бартхъирӕн кӕна, уӕд бахус уыдзӕн, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, Башан ӕмӕ Кармелы сӕрвӕттӕ бахус уыдзысты, баруайдзӕн Ливаны рӕсугъддзинад.
Калевы мыггагӕй иу лӕг, йӕ ном — Навал, Маоны сахайраг, йӕ дзугтӕ Кармелы сахары дардта. Тынг хъӕздыг уыд: ӕртӕ мины йӕм фыстӕ уыд, иу мин — сӕгътӕ. Йӕ фыстӕ ӕлвыдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Кармелы уыди. Навалы ус Авигеа — ӕмбаргӕ ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг, Навал йӕхӕдӕг та — фыдзонд ӕмӕ тыхдзырд.