14 Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн.
Иннӕ уалдзӕг, паддзӕхты хӕстон балцыты афон, Давид йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтимӕ Йоавы арвыста аммонӕгты сӕйраг сахар Раввамӕ, цӕмӕй йыл ӕртыхсой ӕмӕ аммонӕгты ныддӕрӕн кӕной. Ныр Давид йӕхӕдӕг та Йерусалимы баззад.
Ныр Йоав та аммонӕгты сахар Равва басӕттыныл дарддӕр архайдта ӕмӕ паддзахы фидар бацахста.
Адӕмӕй дзы чи уыди, уыдоны та ракодта ӕмӕ сӕ хырхытӕ, ӕфсӕйнаг къахӕнтӕ ӕмӕ фӕрӕттӕй кусыныл бафтыдта. Батардта сӕ агуыридур аразынмӕ. Афтӕ бакодта ӕппӕт аммонаг сахартӕн дӕр. Уый фӕстӕ йе ’фсадимӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхт.
Иннӕ уалдзӕг, паддзӕхты хӕстон балцыты афон, Йоав ӕфсадимӕ ацыд аммонӕгты бӕстӕм ӕмӕ йӕ ныддӕрӕн кодта, стӕй сын ӕртыхсти сӕ сӕйраг сахар Раввайыл. Давид уыцы рӕстӕг уыди Йерусалимы. Йоав балӕбурдта Раввайы сахармӕ ӕмӕ йӕ ныппырх кодта.
Сыкъауадындзы уастмӕ ныммыр-мыр кӕны, дардмӕ дӕр хӕсты уынӕр хъусы.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг дыл Йӕ азар ныххуырсдзӕни ӕрвнӕрдау, зӕххӕнкъуыстау, ӕвирхъау тыхджын уынӕрау, уадтымыгъау, тыгъдызӕйау, алцы ныхъуырӕг артау.
Уӕд ныййазӕлдзӕни Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс; Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы.
Хӕстонтыл тохы быдыры цы къахыдарӕс уыди, уыдон ӕмӕ сӕ тугамӕст пӕлӕзтӕ арты амӕттаг бауыдзысты.
Дунедарӕджы зилгӕ уад ӕрбабырсы, фыр мӕстӕй абухы, афтӕмӕй уыцы тыхдымгӕ фесафдзӕни фыдгӕнджыты.
Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ аммонаг Раввайы цур тохы хъӕртӕ райхъуысдзысты. Хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, йӕ чызджытӕ арты басудздзысты, ӕмӕ Израил, кӕй дӕлбар уыди, уыцы адӕмӕн хицау суыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Фӕндӕгтӕй иуыл кард цӕудзӕн аммонӕгты сахар Раввамӕ, иннӕуыл та — Иудеймӕ, Йерусалимы фидармӕ.
Йӕ рахиз къухӕй Йерусалимы хал сисдзӕн. Йерусалимы раз ӕрӕвӕрдзӕн йӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ. Тохы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ байсдзӕн кулдуары цурмӕ, йӕ батонынмӕ. Сахары ныхмӕ самайдзӕн сыджытбыру ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг сараздзӕн.
Дӕуӕн дӕр, Израилы ӕнаккаг фӕтӕг, фыдгӕнӕг, абон ралӕууыд дӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон!
Раввайы сахарӕй теуаты хизӕнуат скӕндзынӕн, аммонӕгтӕн сӕ иннӕ сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕй та — фосдарӕнтӕ лыстӕг фосӕн. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.
уый тыххӕй уӕм Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ уӕ адӕмтӕн бастигъын кӕндзынӕн. Фесафдзынӕн уӕ адӕмтӕ ӕмӕ бӕстӕты ’хсӕнӕй, ныддӕрӕн уӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.
Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.
Арт бандзардзынӕн Моавы зӕххыл, ӕмӕ уыцы арт Керийоты фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. Тохы уынӕр ӕмӕ сыкъауадындзты уасын хъуысдзысты, афтӕмӕй йе сӕфт ӕрцӕудзӕни Моавӕн.
Кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кодтон, сӕ фӕстӕ ацы зӕхх гӕныстонмӕ ’рцыди. Иунӕг цӕуӕг ыл нал баззад, бӕллиццаг зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой».
Рефаимтӕй ма фӕстагмӕ ӕрмӕстдӕр Ог, Башаны паддзах, баззади. Йӕ хуыссӕнуат уыдис ӕфсӕйнагӕй конд, йӕ дӕргъ — фараст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — цыппар ӕлмӕрины. Уый ныр дӕр ис аммонӕгты зӕххыл, Раввайы.