12 Ӕз Теманыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Боцрайы фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн.
Елифазӕн уыди фырттӕ: Теман, Омар, Цефо, Гатам, Кеназ.
Белайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Зерахы фырт Йовав, боцрайаг.
Уӕлӕрвты кардӕлвӕстӕй лӕууы Дунедарӕг, тӕрхон кӕнынмӕ ӕрхиздзӕн Едоммӕ, Йӕ азары амӕттаг бакӕнинаг кӕй у, уыцы адӕммӕ.
Туг ӕмӕ сой лӕдӕрсдзысты Дунедарӕджы кардӕй, фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ ’ргӕвдгӕйӕ куыд вӕййы, афтӕ. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг кусарт кӕндзӕни Боцрайы сахары, бирӕ ӕргӕвстытӕ уыдзӕн Едомы зӕххыл.
«Уый сырх-сырхид дарӕсы Чи рацӕуы Едомы сахар Боцрайӕ? Уый Чи у уыцы хъомысджын, Чи рацӕуы уыцы барджын къахдзӕфтӕй Йӕ дарӕсы мидӕг?» «Уый Ӕз дӕн — рӕстдзинад Дзурӕг ӕмӕ хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг!»
Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Боцрайы сахар алкӕй йӕ уындӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕлгъитдзысты йӕ, мыггагмӕ йӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты».
Байхъусут, Дунедарӕг, Едом ӕмӕ Теманы цӕрджытӕн цы снысан кодта, уымӕ: суанг сын сӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты. Дунедарӕг сын бабын кӕндзӕн сӕ сӕрвӕттӕ.
Цӕргӕс стӕхдзӕн ӕмӕ йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвдзӕн, Боцрайы сӕрмӕ йӕ базыртӕ айтындздзӕн. Уыцы бон Едомы гуыппырсартӕ арӕг устытау нырриздзысты.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?
Уымӕ гӕсгӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ ӕмӕ йын ныццӕгъддзынӕн йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр, йӕхи та йын ныггӕныстон кӕндзынӕн. Теманӕй Деданы онг карды амӕттаг бауыдзысты иууылдӕр.
Авадиайы цӕстылуайӕн. Дунедарӕг Хуыцау Едомы тыххӕй зӕгъы, Дунедарӕгӕй фехъуыстам уац, адӕмтӕм рарвыстӕуыд фӕдисоны: «Сыстут, ӕмӕ Едомы ныхмӕ схӕцӕм!»
Теманӕй ӕрбацӕуы Хуыцау, Уаз Хуыцау фӕзынд Параны хохӕй. Йе стырад ӕрӕмбӕрзта уӕлӕрвтӕ, байдзаг ис Йӕ кадӕй зӕхх.