Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Тиры фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 1:10
8 Iomraidhean Croise  

Филистимӕгтӕн се сӕфты бон ӕрцӕудзӕн, Тир ӕмӕ Сидоны фӕстаг цӕдисонтӕ бабын уыдзысты. Дунедарӕг ныццӕгъддзӕн филистимӕгты, Кафторы цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны.


Дӕ исбон дын ратӕлӕт кӕндзысты, байсдзысты дын дӕ базайрӕгтӕ, ракалдзысты дӕ систӕ, фехалдзысты дӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, дӕ дуртӕ, дӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ дын дӕ сыджыт та денджызы ныккалдзысты.


Уыдон Тиры систӕ ныппырх кӕндзысты, йӕ мӕсгуытӕ йын ныддӕрӕн кӕндзысты. Ӕз ын йӕ хӕлддзӕгтӕ дӕр ныххафдзынӕн ӕмӕ йӕ гомгӕрцц къӕдзӕх фестын кӕндзынӕн.


Дӕ бирӕ ӕнаккаг митӕй, дӕ фӕлывд сӕудӕджеры куыстӕй дӕ уаз бынӕттӕ фегад кодтай ды. Дӕ сахарыл дын бандзардзынӕн арт, ӕмӕ дӕ уый аныхъуырдзӕн: сау фӕнык дӕ фестын кӕндзынӕн зӕххыл, чи дӕм кӕса, ӕппӕт уыдоны раз.


Тир, Сидон ӕмӕ филистимӕгты зӕххытӕ! Цы ис уӕ зӕрды? Мӕнӕй хъавут уӕ маст райсынмӕ? Уӕ фыдвӕндтӕ уын цыбыр рӕстӕгмӕ Ӕз уӕхиуыл ӕрцӕуын кӕндзынӕн,


Паддзах Хазаелӕн йӕ хӕдзарыл арт бандзардзынӕн, Бен-Хадады фидӕрттӕ басудздзынӕн,


Газӕйы фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.


Дунедарӕг ын байсдзӕн йӕ исбон, йӕ мулк ын денджызмӕ фехсдзӕн, йӕ сахар та йын арты хай бакӕндзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan