Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Аггей 2:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕз ӕппӕт адӕмты ныууигъдзынӕн, ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ иууылдӕр ардӕм ӕрбакӕлдзысты, ацы Хӕдзар байдзаг кӕндзынӕн кадӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Аггей 2:7
36 Iomraidhean Croise  

Кӕй Мӕм байхъуыстай, уый тыххӕй дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».


Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».


Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Сауджынтӕ куыддӕр Кувӕндонӕй рацыдысты, афтӕ ӕврагъ байдзаг кодта Дунедарӕджы хӕдзар.


Кувӕндон Дунедарӕджы кады тӕмӕнӕй кӕй байдзаг, уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕ нал фӕрӕзтой уым сӕ уаз лӕггад дарддӕр ӕххӕст кӕнын.


Сауджынтӕн сӕ бон нал уыди сӕ уаз лӕггад дарддӕр хӕссын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар байдзаг ис Дунедарӕджы кадӕй.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.


Де сфӕлдыст адӕмтӕ Дӕм иууылдӕр ӕрбацӕудзысты, Дунедарӕг, ӕрзоныг кӕндзысты Дӕ разы, сыстаудзысты Дӕ ном.


Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы бамбӕхсдзысты сӕхи, Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.


Афӕлгӕс-ма алырдӕм! Адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмбырдтӕ кӕнынц, ӕрбацӕуынц дӕм. Дӕ фырттӕ дӕм ӕрбацӕуынц дардӕй, сӕ хъӕбысы ӕрбахӕссынц дӕ чызджыты.


Ӕрбатӕрдзысты дӕм Кедары бӕстӕй лыстӕг фос, дӕу уыдзысты Невайоты фырытӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ сӕ чи фӕцӕуа, уыдоны Мын ӕвӕрдзыстут Мӕ нывондхӕссӕныл, ӕмӕ Ӕз Мӕ Кувӕндон скадджын кӕндзынӕн.


Сӕфт, сӕфт, сӕфт! Ацы сахарӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ уыцы сахар кӕй у, уый ӕрцӕуа, уӕдмӕ, ӕмӕ йӕ уӕд ратдзынӕн уымӕн.


Мӕрдтыбӕстӕм ӕй куы ныппӕрстон, ингӕнтӕм чи ныххызти, уыдонмӕ, уӕд йӕ афӕлдӕхты уынӕрӕй нынкъуысыдысты адӕмтӕ, дӕлдзӕхы та ныццин кодтой Едемы ӕппӕт бӕлӕстӕ, стӕй Ливаны кӕддӕры донӕфсӕст ӕвзаргӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.


Фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, Ӕз ныр зӕгъын: уыцы бон Израилы зӕххыл уыдзӕн ӕвирхъау зӕххӕнкъуыст.


Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг цӕгатварс кулдуарыл бакодта Кувӕндоны размӕ. Ӕз федтон, Дунедарӕджы кадӕй Кувӕндон йемыдзаг куыд баци, уый ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.


Хӕхтӕм ацӕут, самал кӕнут хъӕдӕрмӕг ӕмӕ Кувӕндон саразут, Ӕз ын хӕрзаудӕн кӕндзынӕн ӕмӕ скадджын уыдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Йесо алы бон дӕр Кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ та Йӕ амарынвӕнд кодтой,


Сыгъдӕг Уд ӕй сразӕнгард кодта Кувӕндонмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ, Моисейы Ӕгъдау сӕххӕст кӕныны тыххӕй Йесойы ныййарджытӕ Сабийы Кувӕндонмӕ куы бахастой,


Ӕртӕ боны фӕстӕ Йӕ Кувӕндоны ссардтой. Йесо бадтис ахуыргӕнджыты ӕхсӕн, хъуыста сӕм ӕмӕ сӕ алцӕмӕйты фарста.


Иу бон та Йесо адӕмы Кувӕндоны куы ахуыр кодта ӕмӕ сын Фарны Уац куы хъусын кодта, уӕд Ӕм алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ бацыдысты адӕмы хистӕртимӕ


Ӕмӕ-иу адӕм иууылдӕр сӕумӕйӕ цыдысты Кувӕндонмӕ Йӕ ныхӕстӕм Ын байхъусынмӕ.


Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.


Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртаттӕгты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта Фарны Уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».


Чырыстийы мидӕг баиу сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan