Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Аггей 2:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 „Ацы Кувӕндон уӕ йӕ раздӕры кады исчи ӕрӕййӕфта? Ныр та йӕ цы уавӕры уынут? Бынтон ницы нӕу уӕ цӕсты?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Аггей 2:3
8 Iomraidhean Croise  

Давид загъта: «Мӕ фырт Соломон нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, Дунедарӕгӕн цы хӕдзар аразын хъӕуы, уый та стыр диссаг хъуамӕ уа, ӕппӕт дунейыл йӕ ном ӕмӕ йӕ ӕрдхӕрӕны рӕсугъды кой кӕмӕн айхъуысдзӕн, ахӕм. Цӕй ӕмӕ йын ӕрцӕттӕ кӕнон аразӕн ӕрмӕг». Ӕмӕ Давид бирӕ ӕрцӕттӕ кодта йӕ амӕлӕты размӕ.


Уыдон-иу радыгай ныззарыдысты, Дунедарӕджы стаугӕйӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ: «Хӕрзаудӕг у Уый, Йӕ хорзӕхӕй Израил хайджын у ӕнустӕм!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хъӕлӕс ӕрвнӕрӕгау нӕрыд. Иууылдӕр кад кодтой Дунедарӕгӕн, Йӕ хӕдзары бындур ӕвӕрд кӕй ӕрцыди, уый тыххӕй.


Раздӕры Кувӕндон чи ӕрӕййӕфта, уыцы сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй, зӕрӕдтӕй бирӕтӕ, ног Кувӕндоны бындурмӕ кӕсгӕйӕ, ӕрдиаг кодтой. Бирӕтӕ та сӕ цин нӕ урӕдтой ӕмӕ ӕхсызгон хъӕртӕ кодта.


Дӕ уаз сахартӕ федзӕрӕг сты. Федзӕрӕг ис Сион, гӕныстон фестад Йерусалим.


Сӕ диссаджы хӕзнатӕй хъал уыдысты, се ’лгъаг гуымирытӕ уыдонӕй кодтой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕзнатӕ фенад кӕндзынӕн.


Ацы Кувӕндон, йӕ размӕ цы хӕдзар уыди, уымӕй кадджындӕр уыдзӕн, ӕмӕ Ӕз ацы бынат фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan