Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Аггей 2:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй Иоцадакы фырт Йешуайӕн, алчерӕн, ӕмӕ адӕмӕн афтӕ зӕгъ:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Аггей 2:2
7 Iomraidhean Croise  

Хӕзнадар Митредатӕн сӕ рахӕссын кодта Персы паддзах Кир, ӕмӕ сӕ Митредат номхыгъдмӕ гӕсгӕ Шешбаццармӕ, Иудӕйы фӕтӕгмӕ, радта.


Иудейы бӕстыхицау сын загъта: «Цалынмӕ сауджын сымах тыххӕй Хуыцаумӕ урим ӕмӕ туммимимӕ скува, уӕдмӕ уын сыгъдӕг нывӕндтӕй хӕрӕн нӕй».


Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой.


Адӕм иууылдӕр куыдтой, Ӕгъдауы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын бынӕттон хицау Неемиа, динамонӕг ӕмӕ сауджын Езра, стӕй, дзыллӕйӕн зондамынд чи лӕвӕрдта, уыцы левиттӕ загътой: «Абон Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бӕрӕгбон у. Хъынцъым-ма кӕнут ӕмӕ ма кӕут!»


Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.


Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ ӕмӕ пехуымпар Аггейы ныхӕстӕм байхъуыстой, уымӕн ӕмӕ йӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ Хуыцау. Адӕмы тас бацыди Дунедарӕджы раз.


Дунедарӕг сразӕнгард кодта Шеалтиелы фырт Зоровавелы — Иудейы бӕстыхицауы, алчер Йешуайы — Иоцадакы фырты, стӕй иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ райдыдтой кусын Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, Кувӕндоны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan