Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Аггей 2:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Зӕгъӕм, исчи кувӕггаг дзидза йӕ фӕччийы фӕхӕссы, ӕмӕ дзул, хъӕрмхуыпп, сӕн, сой кӕнӕ ӕндӕр исты хӕринагыл йӕ фӕччийӕ андзӕвыд, уӕд уыцы хӕринаг дӕр уаз суыдзӕн?» Сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «Нӕ, не суыдзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Аггей 2:12
8 Iomraidhean Croise  

Авд боны дӕргъы ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд нывондхӕссӕн срухс суыдзӕн. Уый фӕстӕ-иу ыл цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.


Мард бындзытӕй хӕрздӕфгӕнӕн дӕр сысмаг вӕййы; кадджын ӕмӕ куырыхон лӕг иу чысыл куы фӕрӕдийы, уӕд йӕ куырыхон зонд дӕр ӕмӕ йӕ кад дӕр ӕнӕпайда фӕвӕййынц.


Фӕлӕ-иу сӕ ӕддаг кӕртмӕ рацӕуын куы хъӕуа, адӕмы размӕ, уӕд-иу раласӕнт, цы дарӕсты лӕггад кодтой, уыдон, ныууадзӕнт-иу сӕ уаз агъуыстыты ӕмӕ-иу скӕнӕнт ӕндӕр дарӕстӕ, цӕмӕй сӕ уаз дарӕстӕй адӕмӕй макӕуыл бандзӕвой.


Нывондаджы фыдыл цыдӕриддӕр андзӕва, уый суыдзӕни уаз, йӕ тугӕй дарӕсыл куы бакӕла, уӕд ӕй ныхсын хъӕудзӕни уаз бынаты.


Уыцы дзидза сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр хӕрын ӕмбӕлы. Уый у иууылсыгъдӕг нывонд.


Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уаз бынаты: уый у иууылуаз.


Куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у: нывонд ӕви йӕ чи сыгъдӕг кӕны, уыцы нывондхӕссӕн?


Уыдон амонынц Де ’гъдӕуттӕ Йаковӕн, Дӕ фӕдзӕхстытыл ахуыр кӕнынц Израилы; буд судзынц Дӕ разы, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕвӕрынц Дӕ нывондхӕссӕныл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan