Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Аггей 1:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ кастыстут, фӕлӕ уӕ къухы чысыл йеддӕмӕ нӕ бафтыд. Уӕ хӕдзармӕ цы ’рбахастат, уый уын Ӕз дымгӕмӕ ныддардтон. Цӕмӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Мӕ Хӕдзар заууатмӕ кӕй ӕрцыди, сымахӕй та алчидӕр ӕрмӕст йӕхи хӕдзары мӕт кӕй кӕны, уымӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Аггей 1:9
25 Iomraidhean Croise  

Давиды заман фӕд-фӕдыл ӕртӕ стонг азы скодта, ӕмӕ паддзах Дунедарӕджы бафарста. Дунедарӕг загъта: «Аххос Саул ӕмӕ йӕ байзӕддагыл ис, уымӕн ӕмӕ Саул ӕназым гивонӕгты туг ныккалдта».


Дӕ масты раулӕфтӕй, Дунедарӕг, Дӕ карз ӕртхъирӕнӕй, байгом сты донгуырӕнтӕ, зӕххы бындуртӕ разындысты.


Ӕз дзы ахӕм мон бауадздзынӕн, ӕмӕ, куыддӕр уац фехъуса, афтӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕни йӕ бӕстӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕхи зӕххыл карды амӕттаг бакӕндзынӕн».


Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!


Чидӕр рӕдауӕй уары, ӕмӕ йӕ исбоныл ӕфты, чидӕр та алцӕуыл ауӕрды, фӕлӕ мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕны.


Мӕрдтыбӕстӕ ӕмӕ зындон ӕнӕфсис сты, адӕймаджы цӕстытӕ дӕр афтӕ.


Дуне ӕмызмӕлд кӕны; алцы дзурынӕй бафӕллайӕн ис, алцы цӕстӕй фенӕн нӕй, алцӕмӕ нӕй байхъусӕн.


Кӕрдӕг бахус вӕййы, дидинджытӕ баруайынц, Дунедарӕг сыл куы бафу кӕны, уӕд. О, адӕм кӕрдӕджы хуызӕн сты.


Галты цӕд иу бонмӕ кӕй бахуым кӕнид, ахӕм сӕндон иу батӕй фылдӕр сӕн нӕ ратдзӕни, хоры хомер — ефӕйӕ фылдӕр тыллӕг».


Мӕнӕу байтыдтой, фӕлӕ какон сындзытӕ ӕркарстой, сӕхи дзӕгъӕлы удхарӕй фӕмардтой. Хор уӕм кӕй не ’рзад, уый тыххӕй фыр тӕссӕй нырризут — Дунедарӕджы маст уӕм ссыгъди!»


Ныххуырсдзынӕн дыл Мӕ маст, Мӕ масты пиллӕйттӕ дыл ныккалдзынӕн ӕмӕ дӕ ратдзынӕн, марын ахуыр чи у, уыцы агъуыд адӕмы къухтӕм.


Дыргътӕ уӕ бон хӕрын уыдзӕни фӕндзӕм азӕй фӕстӕмӕ. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ бӕлӕсты бӕркад бирӕ уыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Ӕмӕ сымахӕн та уӕ хорз хӕдзӕртты цӕрын афон у, ацы хӕдзар заууатмӕ куы ’рцыди, уӕд?»


сымах бирӕ байтаут, фӕлӕ тыллӕг чысыл сисут; хӕрут, фӕлӕ не ’фсӕдут; дон нуазут, фӕлӕ уӕ дойны нӕ сӕтты; уӕ уӕлӕ дзаума скӕнут, фӕлӕ уын хъармы хос нӕу; кусут, фӕлӕ уӕ чыссӕтӕ хуынчъытӕ сты.


куынӕ Мӕм хъусат ӕмӕ Мын Мӕ номӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кад куынӕ кӕнат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕд уын Ӕз ралгъитдзынӕн уӕ арфӕтӕ, ныридӕгӕн сӕ ’лгъитын, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ номӕн зӕрдиагӕй кад нӕ кӕнут.


Бирӕ мыггаг байтаудзыстут быдыры, фӕлӕ дзы хор бирӕ нӕ сисдзыстут — мӕтыхтӕ йӕ аныхъуырдзысты.


Фӕлӕ дӕ азымджыныл нымайын, дӕ фыццаг уарзт дӕм кӕй нал ис, уый тыххӕй.


Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan