7 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕркӕсут уӕ цардмӕ.
Йӕ иугӕндзон дыгъал-дыгъул, йӕ ӕдзӕлгъӕд бӕр-бӕр куы иу ранӕй райхъуысы, куы иннӕ ранӕй».
Фӕндаг ссарӕм, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм,
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕркӕсут-ма, куыд цӕрут, уымӕ:
сымах бирӕ байтаут, фӕлӕ тыллӕг чысыл сисут; хӕрут, фӕлӕ не ’фсӕдут; дон нуазут, фӕлӕ уӕ дойны нӕ сӕтты; уӕ уӕлӕ дзаума скӕнут, фӕлӕ уын хъармы хос нӕу; кусут, фӕлӕ уӕ чыссӕтӕ хуынчъытӕ сты.
Хӕхтӕм ацӕут, самал кӕнут хъӕдӕрмӕг ӕмӕ Кувӕндон саразут, Ӕз ын хӕрзаудӕн кӕндзынӕн ӕмӕ скадджын уыдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Кӕсут-иу, амӕй фӕстӕмӕ цы уыдзӕни, уымӕ. Дунедарӕджы Кувӕндоны дур дурыл ӕвӕрд куы нӕма ’рцыди,
Уӕдӕмӕ, ме ’фсымӕртӕ, цин кӕнут, Бардарӕгимӕ кӕй стут, ууыл. Раздӕр уын цы дзырдтон, уый уӕм ногӕй ныффыссон, уый мӕнӕн зын нӕу, сымах та фыдбылызӕй бахиздзӕн.