11 Ӕз хус рӕстӕг ӕруагътон уӕ быдыртӕ ӕмӕ уӕ хӕхтыл, уӕ хор, уӕ сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстыл, адӕм ӕмӕ фосыл, уӕ алы къухвӕллойыл.
Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».
Елисей, йӕ лӕппуйы кӕмӕн райгас кодта, уыцы шунемаг сылгоймагӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ бинонтимӕ уал ӕндӕр искуыдӕм ацу цӕрынмӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ацы зӕххыл авд азы дӕргъы уыдзӕн ӕххормаг заман».
Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,
Кӕуы Иудей, йӕ кулдуӕрттӕ фӕлмӕцынц, ныссау сты, лӕзӕрынц зӕххыл; Йерусалимӕй хъарӕг хъуысы.
Мӕ хъӕрзын хъуысы ме знӕгтӕм дӕр, хъуысы, нӕй сабыргӕнӕг, знӕгтӕ цин кӕнынц, цы мын бакуыстай, ууыл! Дӕ тӕрхоны бон ралӕууӕд! Мӕ фыдгултӕ мӕ фӕндӕгтыл фӕцӕуӕнт!
Авд хойы стъалыгуппар ӕмӕ Орион Чи сфӕлдыста? Талынг райдзаст райсом Чи фестын кӕны, бон та — тар ӕхсӕв? Чи фӕсиды денджызы уылӕнтӕм ӕмӕ сӕ зӕххы цъарыл Чи акалы? Дунедарӕг — Йӕ ном!
Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: Дунедарӕг Хуыцау арт ссыгъта, ӕмӕ уый стыр денджыз ӕмӕ зӕххы хай аныхъуырдта.
Йӕ галуантӕ сарӕзта уӕлӕрвты, Йе ’рдынцар ӕрфидар кодта зӕххы сӕрмӕ. Уый фӕсиды денджызы дӕттӕм ӕмӕ сӕ акалы зӕххы цъарыл, Дунедарӕг — Йӕ ном.
Ӕз-иу уын уӕ къухты фӕллӕйттыл хус дымгӕ рауагътон, хъуына-иу сыл схӕцын кодтон, ихӕй-иу сӕ ныххостон, фӕлӕ Мӕм сымах уӕддӕр уе ’ргом не здӕхтат, — зӕгъы Дунедарӕг.
Уӕ хордӕтты ма хоры мыггаг баззади? Сӕнӕфсиры талатӕ, гранат, легъуи ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ абоны онг дыргъ нӕма радтой. Фӕлӕ сыл нырӕй фӕстӕмӕ Ӕз Мӕ арфӕ уадздзынӕн».
Уӕ зӕххы бӕркад уын чи ныхъуыры, уыдоны Ӕз бауромдзынӕн, уӕ сӕнӕфсиртӕ быдырты ӕнӕ дыргъӕй нал баззайдзысты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Сымах ӕлгъыст стут бӕлвырд, уымӕн ӕмӕ уӕ адӕм иууылдӕр давынц Мӕнӕй.
Дунедарӕг уыл бафтаудзӕни тарниз, тӕфсӕг ӕмӕ тӕвдниз, ӕнтӕф ӕмӕ хусрӕстӕг, уыраугӕ дымгӕ уыл рауадздзӕн, хъуына уыл схӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ бабын уыдзыстут.