Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Аггей 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Арв дӕр уын йӕ доны ’ртах уымӕн нал радта, ӕмӕ уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Аггей 1:10
8 Iomraidhean Croise  

Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».


Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын сты ӕмӕ сын уый тыххӕй арв йе ’ртах нал дӕтты, зӕгъгӕ, уӕд Дын Дӕ къухы цӕф куы бамбарой ӕмӕ сӕ тӕригъӕдыл куы ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ Дын, ацы Кувӕндонмӕ се ’ргом саразгӕйӕ, Дӕ номӕн кад куы скӕной ӕмӕ Дӕм куы скувой,


Уый тыххӕй Ӕз тыллӕг афон фӕстӕмӕ байсдзынӕн мӕ хор, куы сцӕттӕ уа, уӕд — Мӕ сӕн; фӕстӕмӕ байсдзынӕн Мӕ къуымбил ӕмӕ гӕн, йӕ бӕгънӕг буар кӕмӕй ӕрӕмбӕрзы, уыдон.


Ӕз уын басӕтдзынӕн уӕ сӕрыстырдзинад, уӕ сӕрмӕ уын арв ӕфсӕны хуызӕн скӕндзынӕн, уӕ къӕхты бын зӕхх та — ӕрхуыйы ’нгӕс.


сымах бирӕ байтаут, фӕлӕ тыллӕг чысыл сисут; хӕрут, фӕлӕ не ’фсӕдут; дон нуазут, фӕлӕ уӕ дойны нӕ сӕтты; уӕ уӕлӕ дзаума скӕнут, фӕлӕ уын хъармы хос нӕу; кусут, фӕлӕ уӕ чыссӕтӕ хуынчъытӕ сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan