Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 9:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Мӕтыхтӕ уыдысты хӕстмӕ ифтонг бӕхты хуызӕн. Сӕ сӕртыл — сыгъзӕрин кады худты хуызӕттӕ, сӕ цӕсгӕмттӕ — адӕймаджы цӕсгомы хуызӕн,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 9:7
6 Iomraidhean Croise  

Фыццаг сырд уыди домбайы хуызӕн, фӕлӕ цӕргӕсы базыртимӕ. Йӕ базыртӕ йын ратындӕуыд, хӕрдмӕ йыл схӕцыдысты; адӕймагау йӕ къӕхтыл слӕууыд, ӕмӕ йын адӕймаджы сӕрызонд лӕвӕрд ӕрцыди.


Ӕз лӕмбынӕг кастӕн уыцы сыкъатӕм, ӕмӕ ма мӕнӕ се ’хсӕн иу гыццыл сыкъа фӕзынди. Уымӕн уыдис адӕймаджы цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых. Иннӕ сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бындзарӕй срӕдывдӕуыд, цӕмӕй йын бынат суӕгъд кӕной.


Дӕ хӕстонтӕ ӕнӕнымӕц сты мӕтыхтау, де ’фсӕддон хицӕуттӕ сбирӕ сты бындзытау. Уазал бон систӕм сбырынц, фӕлӕ, куыддӕр хур ракӕсы, афтӕ алырдӕмты фӕтӕхынц, ӕмӕ сын сӕ фӕд ссарӕн дӕр нал вӕййы.


Ӕз федтон урс бӕх; йӕ барӕгмӕ уыдис ӕрдын. Кады худ ын лӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ уӕлахиздзауӕй рацыд, куыд фӕуӕлахиз уа, афтӕ.


Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыдысты мӕтыхтӕ, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд зӕххон къӕдздымты тых.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan