15 Бӕлвырд сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ цы цыппар зӕды ӕрцӕттӕ чындӕуыд, уыдон уӕгъдгонд ӕрцыдысты адӕмы ӕртыццаг хай амарынмӕ.
Уыцы мин азы куы фӕуой, уӕд сайтан уӕгъдгонд ӕрцӕудзӕн дӕлдзӕхон ахӕстонӕй ӕмӕ рацӕудзӕн, зӕххыл алы ран чи цӕры, уыцы адӕмты — Гог ӕмӕ Магогы — асайынмӕ ӕмӕ сӕ хӕстмӕ ӕрӕмбырд кӕнынмӕ; денджызы змисау уыдзысты бирӕ.
Ӕртыккаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ арвӕй судзгӕ цырагъау рахауди стыр стъалы, цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хайы ӕмӕ суадӕтты ныххауди.
Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.
Дыккаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ стыр хохы хуызӕн цыдӕр, пиллон арт уадзгӕйӕ, денджызы ныххауди, ӕмӕ денджызы ӕртыццаг хай туг фестад.
Денджызы удӕгасӕй цы уыд, уыдонӕн амард се ’ртыццаг хай, бабын ис науты ӕртыццаг хай.
Мӕтыхты къӕдзилтӕ ӕмӕ сӕ марг фатӕвзӕгтӕ уыдысты къӕдздымты ӕнгӕс, ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы дӕргъы знаггад кӕныны тых.
Ӕмӕ сӕ комӕй цы ӕртӕ рыны калди — арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон — уыдонӕй адӕмы ӕртыццаг хай амард.
Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыдис адӕмы марын нӕ, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы удхары бафтауын. Ӕмӕ адӕм удхар кӕндзысты, къӕдздым йӕ фат куы фӕсадзы, уӕд адӕймаг куыд фӕудхар кӕны, афтӕ.