Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 9:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Сыкъауадындз цы ӕхсӕзӕм зӕдмӕ уыди, уымӕн уыцы хъӕлӕс загъта: «Евфраты стыр доны цур баст чи у, уыцы цыппар зӕды суӕгъд кӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 9:14
12 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.


Ӕртыккаг — Тигр, кӕлы Ассирийы скӕсӕйнаг фӕрсты. Цыппӕрӕм у Евфрат.


Давид басаста Реховы фырт Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы, уый Евфраты тӕрфмӕ йӕ раздӕры бархъомыс сӕндидзынмӕ куы бабырста, уӕд.


Куыддӕр чиныг бакӕсай, афтӕ-иу ыл дур бабӕтт ӕмӕ йӕ Евфраты астӕумӕ фехс.


Уӕ фӕндаг дарут, цӕут, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм ӕмӕ сӕ сыхӕгты зӕххытӕм, быдырмӕ ӕмӕ хӕхтӕм: Шефеламӕ, Негевмӕ, донгӕрӕттӕм, ханаанӕгты бӕстӕм, Ливанмӕ — суанг стыр доны, Евфраты, онг.


Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ Ливаны хӕхтӕй Евфраты стыр цӕугӕдоны онг (ноджы ма хеттӕгты зӕхх иууылдӕр), стӕй Зӕххастӕуы денджызы онг ныгуылӕны — уыцы зӕххытӕ иууылдӕр суыдзысты уӕ бӕстӕ.


Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ дзы дон нал баззад — афтӕмӕй паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг байгом ис.


Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды. Уыдон лӕууыдысты зӕххы цыппар кӕроны ӕмӕ хӕцыдысты цыппар зӕххон дымгӕйыл, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр денджызыл, нӕдӕр бӕлӕстыл куыннӕ дымой, афтӕ.


Ӕз федтон ӕндӕр зӕды дӕр. Уый скӕсӕнӕй ссӕйцыд, ӕмӕ йӕм уыди Цардӕгас Хуыцауы мыхуыр. Зӕд ныхъхъӕр кодта, зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн знаггад ракӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыцы цыппар зӕдмӕ:


Ӕмӕ ӕз федтон Хуыцауы раз лӕууӕг авд зӕды; уыдонмӕ лӕвӕрд ӕрцыд авд сыкъауадындзы.


Уӕд, авд сыкъауадындзы кӕмӕ уыди, уыцы авд зӕды сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой сыкъауадындзтӕй уасынмӕ.


Бӕлвырд сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ цы цыппар зӕды ӕрцӕттӕ чындӕуыд, уыдон уӕгъдгонд ӕрцыдысты адӕмы ӕртыццаг хай амарынмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan