Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 8:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Денджызы удӕгасӕй цы уыд, уыдонӕн амард се ’ртыццаг хай, бабын ис науты ӕртыццаг хай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 8:9
13 Iomraidhean Croise  

Йӕ тыхӕй — ныфсджын, йӕ мулкӕй хъал чи у, уыдон!


Нилы кӕсӕгтӕ ныххӕдмӕл сты, ӕмӕ дон афтӕ сысмаг ис, ӕмӕ дзы мысырӕгтӕ нуазын нал фӕрӕзтой. Мысыры зӕхх иууылдӕр туджы бын фӕци.


ныппырх кӕндзӕни Таршишӕй цӕуӕг денджызон наутӕ сӕ мулк ӕмӕ сӕ диссӕгтимӕ.


Рагуац Тиры тыххӕй. Кӕут, дзыназут, Таршишы наутӕ! Наулӕууӕн сахар ныппырх ис — иу бӕстыхай дӕр дзы нал баззад! Наутӕрджытӕ уыцы хабар фехъуыстой, Киттимӕй сӕхимӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд.


Ӕнӕхъӕн бӕстӕйы чи цӕры, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдонӕн ма се ’ртыккаг хай аирвӕздзӕн, иннӕ дыууӕ хайы цагъды фӕуыдзысты.


Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»


Уый йӕ къӕдзилӕй расӕрфта стъалыты ӕртыццаг хай арвӕй ӕмӕ сӕ ӕркалдта зӕхмӕ. Залым лӕууыди арӕг сылгоймаджы уӕлхъус, цӕмӕй йын йӕ сывӕллоны, куыддӕр ӕй ныййара, афтӕ аныхъуыра.


Дыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта денджызыл. Ӕмӕ денджыз сси мард адӕймаджы туджы хуызӕн, ӕмӕ дзы удӕгасӕй ницыуал баззад.


Ӕртыккаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ арвӕй судзгӕ цырагъау рахауди стыр стъалы, цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хайы ӕмӕ суадӕтты ныххауди.


Цыппӕрӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стӕй стъалыты ӕртыццаг хай ныттар ис. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны, стӕй ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг.


Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.


Бӕлвырд сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ цы цыппар зӕды ӕрцӕттӕ чындӕуыд, уыдон уӕгъдгонд ӕрцыдысты адӕмы ӕртыццаг хай амарынмӕ.


Ӕмӕ сӕ комӕй цы ӕртӕ рыны калди — арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон — уыдонӕй адӕмы ӕртыццаг хай амард.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan