8 Дыккаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ стыр хохы хуызӕн цыдӕр, пиллон арт уадзгӕйӕ, денджызы ныххауди, ӕмӕ денджызы ӕртыццаг хай туг фестад.
О сафӕг хох, Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕгас зӕхх сӕфтай, ӕмӕ дӕм ныр Ӕз Мӕ къух систон. Къӕдзӕхты сӕрӕй дӕ раппардзынӕн, сау ӕвзалы чи баци, ахӕм хох дӕ фестын кӕндзынӕн.
Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы ’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн.
Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: Дунедарӕг Хуыцау арт ссыгъта, ӕмӕ уый стыр денджыз ӕмӕ зӕххы хай аныхъуырдта.
Ӕнӕхъӕн бӕстӕйы чи цӕры, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдонӕн ма се ’ртыккаг хай аирвӕздзӕн, иннӕ дыууӕ хайы цагъды фӕуыдзысты.
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
«Ӕууӕндут Хуыцауыл. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: исчи мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъа, зӕххӕй фӕхицӕн у ӕмӕ денджызы дӕхи баппар, зӕгъгӕ, ӕмӕ, афтӕ кӕй уыдзӕн, ууыл дызӕрдыг куынӕ кӕна, фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕ ӕрцӕудзысты, уый йӕ фидарӕй куы уырна, уӕд, куыд зӕгъа, афтӕ уыдзӕни.
Уыдонӕн ис лӕвӕрд арвы дуӕрттӕ сӕхгӕныны бар, цӕмӕй сӕ пехуымпариуӕджы рӕстӕг къӕвда ма уа. Куы сӕ бафӕнда, уӕд сӕм ис дӕттӕ туг фестын кӕныны ӕмӕ зӕххыл алы рын бафтауыны тых.
Уый йӕ къӕдзилӕй расӕрфта стъалыты ӕртыццаг хай арвӕй ӕмӕ сӕ ӕркалдта зӕхмӕ. Залым лӕууыди арӕг сылгоймаджы уӕлхъус, цӕмӕй йын йӕ сывӕллоны, куыддӕр ӕй ныййара, афтӕ аныхъуыра.
Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.
Бӕлвырд сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ цы цыппар зӕды ӕрцӕттӕ чындӕуыд, уыдон уӕгъдгонд ӕрцыдысты адӕмы ӕртыццаг хай амарынмӕ.
Ӕмӕ сӕ комӕй цы ӕртӕ рыны калди — арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон — уыдонӕй адӕмы ӕртыццаг хай амард.