Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 8:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕрбацыд ӕндӕр зӕд сыгъзӕрин будсудзӕнимӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны раз. Бирӕ буд ын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куывдтытимӕ ӕрӕвӕра, паддзахы бадӕны раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, ууыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 8:3
32 Iomraidhean Croise  

Мӕ хъӕстытӕ фӕкодтон Йӕ разы, мӕ хъизӕмар Ын раргом кодтон.


Сыгъзӕрин нывондхӕссӕн ӕрӕвӕрдта Фембӕлды Цатыры, мидӕмбӕрзӕны раз,


Уӕд мӕм серафимтӕй иу ӕрбатахти зынджы къӕрттимӕ — нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй йӕ ӕртыскӕнӕй фелвӕста.


Уыди дзы хъӕдын нывондхӕссӕн, йӕ бӕрзӕнд — ӕртӕ ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх та — фӕйнӕ дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ тигътӕ дӕр, йӕ бын дӕр ӕмӕ йӕ къултӕ дӕр уыдысты хъӕдӕй конд. Чи мӕ ӕрбакодта, уыцы лӕг мын загъта: «Уый, Дунедарӕджы раз чи лӕууы, уыцы фынг у».


Ӕз федтон Дунедарӕджы. Уый лӕууыди нывондхӕссӕныл ӕмӕ загъта: «Цӕджындзы сӕр ныццӕв, къӕсӕртӕ куыд сӕнкъуысой, афтӕ, уадз ӕмӕ Кувӕндон адӕмыл ныккӕла. Чи ма дзы аирвӕза, уыдоны кардӕй ныццӕгъддзынӕн, иунӕг дӕр дзы нӕ алидздзӕн, ничи фервӕздзӕн.


Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Сыгъзӕрин нывондхӕссӕныл айтындзӕнт ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн, уый уӕлӕ — сӕрак ӕмбӕрзӕн ӕмӕ хъилтӕ сӕ бынӕтты атъыссӕнт.


дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг;


Буд судзыны рӕстӕджы кӕрты уыди бирӕ кувӕг адӕм.


Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахизфарс ӕмӕ курӕг у мах тыххӕй.


Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.


Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.


Ӕз федтон ӕндӕр хъомысджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъ, йӕ сӕрмӕ — арвӕрдын, йӕ цӕсгом — хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ — судзгӕ цӕджындзтау.


Ноджы ма иу зӕд, артыл кӕй бар цӕуы, уый рацыди нывондхӕссӕнӕй ӕмӕ, цыргъ ӕхсырф кӕмӕ уыди, уыцы зӕдӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз дӕ цыргъ ӕхсырф ӕмӕ зӕххы сӕнӕфсирӕн йӕ цупӕлттӕ ӕрлыг кӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ гагатӕ срӕгъӕд сты».


Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.


Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се ’вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ.


Ӕз федтон ӕндӕр зӕды дӕр. Уый скӕсӕнӕй ссӕйцыд, ӕмӕ йӕм уыди Цардӕгас Хуыцауы мыхуыр. Зӕд ныхъхъӕр кодта, зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн знаггад ракӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыцы цыппар зӕдмӕ:


Буды фӕздӕг сыгъдӕджыты куывдтытимӕ зӕды къухӕй фӕцыд хӕрдмӕ, Хуыцаумӕ.


Зӕд райста будсудзӕн, байдзаг ӕй кодта нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй ӕмӕ йӕ фехста зӕхмӕ. Райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, арв нырттывта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти.


Ӕхсӕзӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ мӕм, Хуыцауы раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, уымӕн йӕ цыппар сыкъайӕ райхъуысти хъӕлӕс.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan