12 «Аммен! Кад ӕмӕ арфӕ, уӕлзонд ӕмӕ арфӕтӕ, намыс, тых ӕмӕ хъомыс нӕ Хуыцаумӕ сты мыггагмӕ! Аммен!»
Уымӕн ӕмӕ раджы, Давиды ӕмӕ Асафы рӕстӕджыты, амынд ӕрцыдысты зарӕггӕнджыты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ Хуыцауы стыд ӕмӕ арфӕйы зарджытӕ.
Левиттӕ: Йешуа, Биннуй, Кадмиел, Шеревиа, Иудӕ, кады зарӕг кӕнгӕйӕ сӕйраг чи у, уыцы Маттаниа йӕхӕдӕг ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ,
Мӕнгардӕй мӕм ницы ис, фыддзинадӕй мӕхи хизын.
Уый куы фӕзӕгъы, уӕд Йӕ дзырдӕй атайы алцы, дымгӕ рауадзы, ӕмӕ азгъорынц дӕттӕ.
Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.
Ӕрбайсӕфдзысты ӕваст, ӕбуалгъ уыдзӕни сӕ кӕрон.
Зарут Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕнут Йӕ номӕн, бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинадыл дзурут!
Ныр Дунедарӕг барӕвдаудзӕни Сионы, ногӕй йын рацараздзӕни йӕ хӕлддзӕгтӕ, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕни дзӕнӕт, сыгъд быдыр та — Дунедарӕджы дыргъдон. Цинӕй дзы райдзысты адӕм, кад кӕндзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Йын зардзысты.
Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.
Ницӕйаг мӕнг хуыцӕуттӕн кад чи кӕны, уыдон ӕнӕхай фесты хорзӕхӕй, сӕ бон райсын кӕй уыди, уымӕй.
Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.
Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Хуыцау сфӕлдыста, ӕппӕт дӕр цӕры Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн. Кад Ын уӕд мыггагмӕ! Аммен.
Уымӕн ӕмӕ, ды Хуыцауӕн удӕй куы арфӕ кӕнай, уӕд, ӕвзӕгтӕ ӕмбарынхъом цы адӕймаг нӕу, уый дӕ арфӕйӕн «аммен» куыд зӕгъдзӕн, цы дзурыс, уый куы не ’мбара, уӕд?
Ӕппӕт уыдӕттӕ сты уӕ сӕраппонд, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх анхъӕвза бирӕ адӕмыл ӕмӕ расайа бирӕ арфӕтӕ Хуыцауы кадӕн.
Куыд уын бацамындӕуыд, афтӕ Йӕ скӕнут уӕ царды бындур, рӕзӕд уӕ уырнындзинад, ӕмӕ кӕддӕриддӕр ут бузныг.
Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Бардарӕг Йесойы номыл ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд Хуыцауӕн.
Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы мах Чи фервӕзын кодта, уыцы иунӕг Хуыцауӕн уӕд кад ӕмӕ стырад, паддзахад ӕмӕ хъомыс — ӕнусты размӕ, ныр ӕмӕ ӕнустӕм! Аммен.
дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.
Уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы ныддӕлгом сты Йӕ бадӕны бадӕг Хуыцауы раз, афтӕ дзургӕйӕ: «Аммен! Алелуйа!»