Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 6:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уӕрыкк цыппӕрӕм мыхуыр куы систа, уӕд фехъуыстон цыппӕрӕм уӕларвон удгоймаджы хъӕлӕс: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 6:7
5 Iomraidhean Croise  

Уыдон ацыдысты ӕмӕ зӕппадзӕн йӕ разы хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдтой, бахизӕны дурыл та — мыхуыр.


Фыццаг уӕларвон удгоймаг уыди домбайы хуызӕн, дыккаг удгоймаг — галы хуызӕн, ӕртыккаг удгоймагӕн йӕ цӕсгом уыдис адӕймаджы цӕсгомау, цыппӕрӕм удгоймаг та уыди тӕхгӕ цӕргӕсы хуызӕн.


Ӕз федтон: Уӕрыкк авд мыхуырӕй асаста фыццаг, ӕмӕ фехъуыстон цыппар уӕларвон удгоймагӕй иуы хъӕлӕс, цыма арв ныннӕрыди, уыйау: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».


Уӕрыкк дыккаг мыхуыр куы асаста, уӕд фехъуыстон, дыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».


Уӕрыкк ӕртыккаг мыхуыр куы систа, уӕд фехъуыстон, ӕртыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]». Ӕз федтон сау бӕх; йӕ барӕджы къухы уыди барӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan