14 Арв тыхтонау ӕрбампылд ӕмӕ фӕцыдӕр. Алы хох ӕмӕ сакъадах дӕр йӕ бынатӕй фенкъуысыди.
Стъалытӕ бастъӕлдзысты, уӕлӕрвтӕ батымбыл уыдзысты тухгӕ чиныгау, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ӕрызгъӕлдзысты, сӕнӕфсир ӕмӕ легъуийы хус сыфтӕрау.
Хӕхтӕ сӕ бынатӕй фенкъуысдзысты, уӕлвӕзтӕ нырриздзысты, фӕлӕ дӕумӕ цы хорз зӕрдӕ дарын, уымӕн ивӕн нӕй, цы фарн дын балӕвар кодтон, уымӕн та — сӕфӕн. Уый дын зӕгъын Ӕз, уарзгӕ дӕ Чи кӕны, уыцы Дунедарӕг».
Къуыбыртыл, фӕлывдӕй уӕлдай, ницы ис, хӕхтыл ӕрмӕст — хъӕлӕбагӕнӕг ӕмбырдтӕ. Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕндзӕн Израилы!
О сафӕг хох, Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕгас зӕхх сӕфтай, ӕмӕ дӕм ныр Ӕз Мӕ къух систон. Къӕдзӕхты сӕрӕй дӕ раппардзынӕн, сау ӕвзалы чи баци, ахӕм хох дӕ фестын кӕндзынӕн.
Мӕ разы фыр тӕссӕй нырриздзысты денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ, ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, зӕххы цъарыл чи цӕры, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр. Ракӕлдзысты хӕхтӕ, афӕлдӕхдзысты къӕдзӕхтӕ, ныккӕлдзысты зӕххыл сахарты бырутӕ.
Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.
ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.
сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.
Хуыснӕг куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕни Бардарӕгӕн Йе ’рцыды бон дӕр. Арв фӕцыдӕр уыдзӕн ӕрвнӕрды хуызӕн гыбар-гыбуримӕ, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон ныппырх уыдзысты ӕмӕ цӕхӕр фестдзысты, зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр тӕрхонмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.
Сакъадӕхтӕ цыдӕр ӕрбаисты, хӕхтӕ дӕр фӕтары сты.
Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.
Ӕз федтон ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх аивгъуыдтой, нал уыди денджыз дӕр.