3 Ӕмӕ нӕдӕр уӕларвы, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр зӕххы бын искӕй бон уыди чиныг байгом кӕнын ӕмӕ, цы фыст дзы ис, уый фенын.
Афтӕмӕй Ӕз адӕмтыл афӕлгӕсыдтӕн, ӕмӕ се ’хсӕн иу хуыцау дӕр нӕ разынд, зондӕй кӕй бафӕрсой, ахӕм. Никӕй сӕм федтон, кӕй бафӕрсон, ахӕм хуыцау.
«Дунедарӕджы зонд чи базыдта? Чи Йын уыди уынаффӕгӕнӕг?
цӕмӕй Йесойы номы раз ӕрзоныг кӕной, уӕларв, зӕххыл ӕмӕ дӕлдзӕх чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр,
Ӕз фехъуыстон, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдон се ’ппӕт дӕр — уӕларвыл, зӕххыл, зӕххы бын, денджызы — дун-дунейы чидӕриддӕр ис, уыдон цы дзырдтой, уый: «Паддзахы бадӕны Бадӕгӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн — арфӕ, кад, намыс ӕмӕ ӕппӕт бартӕ мыггагӕй-мыггагмӕ!»
Ӕмӕ ӕз бирӕ фӕкуыдтон, уыцы чиныг байгом кӕныны ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый феныны аккаг кӕй ничи разынди, ууыл.