2 Ӕз федтон хъомысджын зӕды. Уый хъӕрӕй бафарста: «Чи у ацы чиныджы мыхуыртӕ асӕттыны ӕмӕ йӕ байгом кӕныны аккаг?»
Йӕ фыдтӕ кӕрӕдзимӕ афтӕ ӕнгом сты, ӕмӕ нӕ фенкъуысдзысты.
Айтындзыс талынг — ӕрлӕууы ӕхсӕв, хъӕддаг сырдтӕ рацӕуынц сӕ бынӕттӕй.
Ӕз федтон ӕндӕр хъомысджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъ, йӕ сӕрмӕ — арвӕрдын, йӕ цӕсгом — хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ — судзгӕ цӕджындзтау.
Иу тыхджын зӕд систа куыройы фыды йас стыр дур, нывзылдта йӕ денджызмӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ дӕлӕмӕ ныххаудзӕн Вавилоны стыр сахар ӕмӕ нал уыдзӕн.
Уӕд паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухы ӕз федтон, дыууӕрдыгӕй дӕр фыст кӕуыл уыд, ахӕм тухгӕ чиныг; ӕхгӕд уыдис авд мыхуырӕй.
Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг».