Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 5:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Цыппар уӕларвон удгоймаджы загътой: «Аммен». Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры дӕр ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ бакуывтой, мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 5:14
9 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ, ды Хуыцауӕн удӕй куы арфӕ кӕнай, уӕд, ӕвзӕгтӕ ӕмбарынхъом цы адӕймаг нӕу, уый дӕ арфӕйӕн «аммен» куыд зӕгъдзӕн, цы дзурыс, уый куы не ’мбара, уӕд?


Уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы ныддӕлгом сты Йӕ бадӕны бадӕг Хуыцауы раз, афтӕ дзургӕйӕ: «Аммен! Алелуйа!»


Паддзахы бадӕны алыварс — цыппар ӕмӕ ссӕдз паддзахы бадӕны. Уыцы бадӕнты бадтысты цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уыди сыл урс-урсид дарӕс, сӕ сӕртыл та — сыгъзӕрин кады худтӕ.


Паддзахы бадӕны раз уыдис цыдӕр — авджын денджызы хуызӕн, дзӕнхъайау ирд. Паддзахы бадӕн кӕм уыди, уыцы бынаты хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар уӕларвон удгоймаджы бирӕ цӕстытимӕ, разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр.


Ӕз акастӕн ӕмӕ фехъуыстон, паддзахы бадӕны, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры алыварс цы бирӕ зӕдтӕ уыди, уыдоны хъӕлӕс. Уыдон уыдысты ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ, мин-минтӕ


Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та — цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уӕрыккӕн уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, ахӕм хуыз. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты — ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.


Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.


«Аммен! Кад ӕмӕ арфӕ, уӕлзонд ӕмӕ арфӕтӕ, намыс, тых ӕмӕ хъомыс нӕ Хуыцаумӕ сты мыггагмӕ! Аммен!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan