Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 5:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 5:10
9 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ Мын сымах уыдзыстут сауджынты паддзахад, уаз адӕм“. Фӕхӕццӕ кӕн ацы ныхӕстӕ израилӕгтӕм».


Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзахы бартӕ айсдзысты Иууылбӕрзонды сыгъдӕджытӕ, ӕмӕ паддзахдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни сӕ къухы“.


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“.


паддзӕхтӕ ӕмӕ нӕ Йӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Фыдӕн лӕггадгӕнджытӕ Чи скодта, Уымӕн кад ӕмӕ Паддзахад уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.


Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕн лӕууыны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы.


Тӕхудиаг сты, мӕрдты фыццаг райгасы цард чи райсдзӕн, уыдон: дыккаг мӕлӕты бон сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы.


Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.


Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan