Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 4:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Паддзахы бадӕны раз уыдис цыдӕр — авджын денджызы хуызӕн, дзӕнхъайау ирд. Паддзахы бадӕн кӕм уыди, уыцы бынаты хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар уӕларвон удгоймаджы бирӕ цӕстытимӕ, разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 4:6
25 Iomraidhean Croise  

Хурам джиппы рауагъта егъау ӕрхуы аг дӕр — ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины.


Сыгъзӕрин ӕмӕ авгӕй йын аргъ не скӕндзынӕ, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд мигӕнӕнтыл ӕй нӕ баивдзынӕ.


Уый фӕстӕ Бецалел ӕрхуыйӕ сарӕзта хихсӕн аг ӕмӕ йын скодта ӕрхуы суанцъы. Скодта сӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты ӕрхуы айдӕнтӕй.


Сӕ гуыртыл, сӕ чъылдымтыл, сӕ къухтыл, сӕ базыртыл, сӕ цӕлхытыл, цыппар цалхыл дӕр, алырдыгӕй уыди цӕстытӕ.


Херувимтӕй алкӕуыл дӕр уыди цыппар цӕсгомы: фыццаг цӕсгом — херувимы цӕсгом, дыккаг цӕсгом — адӕймаджы цӕсгом, ӕртыккаг — домбайы цӕсгом, цыппӕрӕм та — цӕргӕсы цӕсгом.


Уыдон паддзахы бадӕны раз, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры раз зарынц ног зарӕг. Зӕххон адӕмы ’хсӕнӕй цы 144 000 адӕймаджы балхӕдӕуыд, уыдоны йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон уыди.


Ӕмӕ ӕз федтон артимӕ хӕццӕ авджын денджызау цыдӕр. Сырдыл, йӕ сурӕтыл, йӕ номы нымӕцыл чи фӕтых, уыцы адӕм Хуыцауы фӕндыртимӕ лӕууынц авджын денджызыл


Цыппар уӕларвон удгоймагӕй иу ацы авд зӕдмӕ радта авд сыгъзӕрин кӕхцы, уыдон та йемыдзаг уыдысты, мыггагӕй-мыггагмӕ цардӕгас Чи у, уыцы Хуыцауы фыдӕхӕй.


Уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы ныддӕлгом сты Йӕ бадӕны бадӕг Хуыцауы раз, афтӕ дзургӕйӕ: «Аммен! Алелуйа!»


Уый тӕмӕнтӕ калдта Хуыцауы кадӕй. Йӕ рухсгӕнӕн уыди тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, дзӕнхъайы ӕнгӕс рухсдзыд яшмӕйы хуызӕн.


Сахары къул уыдис яшмӕйӕ, сахар йӕхӕдӕг та — ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


Дыууадӕс кулдуары — дыууадӕс дзындз фӕрдыджы: алы дуар дӕр — иу дзындз фӕрдыгӕй. Сахары уынг уыдис ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Паддзахы бадӕны алыварс — цыппар ӕмӕ ссӕдз паддзахы бадӕны. Уыцы бадӕнты бадтысты цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уыди сыл урс-урсид дарӕс, сӕ сӕртыл та — сыгъзӕрин кады худтӕ.


Ӕз акастӕн ӕмӕ фехъуыстон, паддзахы бадӕны, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры алыварс цы бирӕ зӕдтӕ уыди, уыдоны хъӕлӕс. Уыдон уыдысты ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ, мин-минтӕ


Цыппар уӕларвон удгоймаджы загътой: «Аммен». Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры дӕр ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ бакуывтой, мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕн.


Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та — цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уӕрыккӕн уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, ахӕм хуыз. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты — ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.


Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.


Ӕз федтон: Уӕрыкк авд мыхуырӕй асаста фыццаг, ӕмӕ фехъуыстон цыппар уӕларвон удгоймагӕй иуы хъӕлӕс, цыма арв ныннӕрыди, уыйау: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».


Цыппар уӕларвон удгоймаджы кӕм уыдысты, уырдыгӕй мӕм райхъуысти адӕймаджы хъӕлӕсау: «Мӕнӕуы къус — динарыл, хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл, оливӕйы сой ӕмӕ сӕнӕн та знаггад ма ракӕн».


Зӕдтӕ иууылдӕр лӕууыдысты паддзахы бадӕны, стӕй цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы алыварс. Уыдон ныддӕлгом сты паддзахы бадӕны раз ӕмӕ куывтой Хуыцаумӕ:


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan