Ӕргомад 3:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст9 Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый. Faic an caibideil |
Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».