Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 3:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 3:20
8 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ сымах дӕр ӕппӕт уыдӕттӕ куы фенат, уӕд-иу зонут: афон ӕрӕввахс, ныридӕгӕн Уый къӕсӕрыл лӕууы.


Нӕ, фӕлтау ын зӕгъдзыстут: „Марадз, ӕхсӕвӕр мын ӕрцӕттӕ кӕн, дӕ рон ӕрбалвас ӕмӕ, цалынмӕ хӕрон ӕмӕ нуазон, уӕдмӕ мын лӕггад кӕн; стӕй уый фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр хӕр ӕмӕ нуаз“.


Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ нӕмттӕй ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ.


Кӕрӕдзийӕ хъаст ма кӕнут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы.


Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan