Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Райхъал у ӕмӕ дӕм сӕфты къахыл цы лӕууы, уый сфидар кӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз зонын, дӕ хъуыддӕгтӕ Мӕ Хуыцауы цӕсты ӕнаипп кӕй не сты, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 3:2
31 Iomraidhean Croise  

Куы базӕронд ис, уӕд ӕй фӕцахуыр кодтой ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувыныл, ӕмӕ йӕ фыд Давидау тынг ӕнувыд уыди Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, зӕгъгӕ, уый зӕгъӕн дзы нал уыд.


Авиам алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ размӕ йӕ фыды тӕригъӕдджын митӕ. Йӕ фыдӕл Давиды хуызӕн иузӕрдион нӕ уыди Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл.


Амациа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, фӕлӕ Йыл бынтон иузӕрдион нӕ уыди.


Дзӕгъӕлдзырдӕй уын ныфсытӕ ’вӕрин, былты змӕлдӕй уӕ сабыр кӕнин.


Хъару та бауадзут уӕ лӕмӕгъ ӕмӕ ӕдых цӕнгты, ӕндон фестӕнт уӕ ризгӕ уӕрджытӕ!


Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.


Гъемӕ дын Ӕз раргом кӕндзынӕн, дӕ митӕ куыд раст сты, уый. Ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕни, цы пайда дын ӕрхӕссой, уый.


Сӕфт фосы-иу ссардзынӕн, чи фӕдзӕгъӕл уа, уый-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн, фӕцӕф ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын бабӕтдзынӕн йӕ хъӕдгом, рынчынмӕ-иу базилдзынӕн, ӕгӕр чи снард ӕмӕ абухгӕ чи кӕны, уыцы фосы та фесафдзынӕн, хиздзынӕн сӕ рӕстӕй.


ТЕКЕЛ — „Тӕрӕзтыл барст ӕрцыдтӕ, ӕмӕ дӕ ӕппындӕр ницы уӕз ис“.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххыл ахӕм фыййауы сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, чи сӕфы, уыдоныл нӕ бамӕт кӕндзӕн, чи фӕдзӕгъӕл ис, уыдоны нӕ агурдзӕн, рынчынты нӕ дзӕбӕх кӕндзӕн, нӕ бафсаддзӕн ӕнӕнизты. Хӕрзхаст фыстӕн сӕ дзидза хӕрдзӕн ӕмӕ сын сӕ сӕфтджытӕ срӕдувдзӕн.


Сӕ алы хъуыддаг дӕр адӕмы цӕстмӕ кӕнынц. Сӕ чырвӕзтӕ аразынц уӕрӕхдӕр, сӕ дарӕсы хаутӕ та — даргъдӕр;


Уӕдӕ ӕдзухдӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут нӕдӕр уыцы бон, нӕдӕр уыцы сахат [Адӕймаджы Фырт кӕд ӕрцӕудзӕни].


Чызджытӕ иууылдӕр фестадысты ӕмӕ сӕ цырӕгътӕ ӕрцӕттӕ кодтой.


Иу цасдӕр дзы куы фӕци, уӕд араст ӕмӕ ӕрзылди Галати ӕмӕ Фригийы бӕстӕтыл, йӕ фӕндагыл фидар кодта ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад.


Йешуайӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй фидар лӕууа ӕмӕ ма фӕцуда; ацы адӕмы разӕй уый ацӕудзӕн ӕмӕ, ды дардӕй кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхх сын уый байуардзӕн“.


Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут.


Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.


«Мӕнӕ фӕцӕуын хуыснӕгау. Тӕхудиаг у, ӕдзух цӕттӕ чи у, бӕгънӕгӕй куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йын йӕ худинаг куыд мачи фена, йӕ дарӕс афтӕ сыгъдӕгӕй чи дары, уыцы адӕймаг».


Фӕлӕ дӕ азымджыныл нымайын, дӕ фыццаг уарзт дӕм кӕй нал ис, уый тыххӕй.


Сардисы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд уды ӕмӕ авд стъалыйы Кӕмӕ сты, Уый афтӕ зӕгъы: зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ мард дӕ.


Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куынӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ Мын ды Ме ’рцыды сахат нӕ базондзынӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan