7 «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Тӕхудиаг у, ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уый».
Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Азийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфи ӕмӕ Лаодикимӕ».
Тӕхудиаг сты, ацы пехуымпар ныхӕстӕ чи кӕсы ӕмӕ сӕм чи хъусы, цы фыст дзы ис, уыдӕттӕ кӕмӕ хъарынц, уыдон, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.
«Мӕнӕ фӕцӕуын хуыснӕгау. Тӕхудиаг у, ӕдзух цӕттӕ чи у, бӕгънӕгӕй куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йын йӕ худинаг куыд мачи фена, йӕ дарӕс афтӕ сыгъдӕгӕй чи дары, уыцы адӕймаг».
Ӕрфӕсмон кӕн, науӕд дӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ семӕ тох кӕндзынӕн Мӕ дзыхӕй рацӕугӕ кардӕй.
«Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ фиддон Мемӕ ис — алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.
Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чидӕриддӕр хъусы, уыдонӕн ӕз зӕгъын: исты ма сӕм чи бафтауа, ууыл Хуыцау бафтаудзӕн, ацы чиныджы кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы рынтӕ.
Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн, ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.
Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕн Чи у, Уый зӕгъы: «О, рӕхджы ӕрцӕудзынӕн!» Аммен. Ӕрцу, Бардарӕг Йесо!
Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕд алкӕй дӕр. Аммен.
Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса.
Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куынӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ Мын ды Ме ’рцыды сахат нӕ базондзынӕ.