Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 22:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 22:17
29 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕнхъӕлӕджы се сӕфт ӕрцӕуӕд, сӕ ахсӕн хызы бахауӕнт сӕхӕдӕг ӕмӕ се сӕфт ссарӕнт!


Ирвӕзындзинады суадӕттӕй цингӕнгӕ исдзыстут дон.


Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.


Йаковы хӕдзарвӕндаг! Ӕрбацӕут, ӕмӕ Дунедарӕджы рухсы цӕрӕм!


Сионмӕ агурдзысты фӕндаг, се ’ргом ӕм раздахдзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ацӕуӕм ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнусон фидыдӕй баиу уӕм“.


Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг фӕстӕмӕ ӕрбакодта Кувӕндоны дуармӕ, ӕмӕ федтон, Кувӕндоны къӕсӕры бынӕй скӕсӕнӕрдӕм дон куыд цӕуы, уый — Кувӕндонӕн йе ’ргом арӕзт уыди скӕсӕнӕрдӕм. Дон Кувӕндоны рахиз фисыны ’рдыгӕй калди нывондхӕссӕны хуссарвӕрсты.


Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй.


Ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сӕ дыууӕ дӕр ацыдысты Йесойы фӕдыл.


Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».


Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, цъай арф у, Дӕумӕ та ӕгӕрыстӕмӕй, дон цӕмӕй сисай, уый дӕр куы нӕй, уӕд Дӕм царддӕттӕг дон кӕцӕй ис?


Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон».


«Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?»


Бӕрӕгбоны фӕстаг ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр бон Йесо сыстад ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый Мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ бануазӕд.


фӕлӕ Хуыцау, Йӕ хорзӕх сӕ ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы — Чырысти сын ӕлхӕны сӕрибар.


Мах та схайджын стӕм ацы дунейы монӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд Удӕй, цӕмӕй зонӕм, Хуыцау нын цы ралӕвар кодта, уый.


Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.


Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.


Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн Ӕз царддӕттӕг суадонӕй лӕвар бануазын кӕндзынӕн.


Фӕстаг рынтӕй йедзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрбацыди мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы».


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan