Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 22:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 22:1
30 Iomraidhean Croise  

Уый нӕ разы басаста адӕмты, нӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста знӕмты.


Хӕхтыл сын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ, дӕлвӕзты сын фестын кӕндзынӕн суадӕттӕ, ӕдзӕрӕг быдыры сын айтындздзынӕн цад, сыгъд зӕххы азгъордзысты къададӕттӕ.


Тӕхуды ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кодтаиккат! Уӕд уӕ амонд ивылдаид фурдау, уӕ фарн та — абухгӕ денджызау.


Ӕз — Дунедарӕг — сӕххӕст кӕндзынӕн Мӕ дзырд. Йерусалимы сахарӕн сбирӕ кӕндзынӕн йӕ фарн, йемыдзаг ӕй бакӕндзынӕн адӕмты фӕллойӕ, раст ыл цыма дон раивылдзӕни, уыйау. Ӕмӕ уӕхи ӕнкъардзыстут, хъӕбысы кӕнӕ уӕрджытыл кӕй фӕрӕвдауынц, уыцы сабитау.


О Дунедарӕг, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Ды дӕ! Чи Дӕ ныууадза, уыдон иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты. «Йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдон зӕххы хай бауыдзысты, уымӕн ӕмӕ ныууагътой Дунедарӕджы, цардӕгас Донгуырӕн сӕ ферох ис».


Мӕ адӕм ракодтой дыууӕ фыдракӕнды: ныууагътой Мӕн, цардӕгас доны Суадоны, ӕмӕ сӕхицӕн донуӕттӕ скодтой. Фӕлӕ уыдон пырх сты, дон уромын нӕу сӕ бон.


Уыцы бон Йерусалимӕй царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ ракӕлдзысты, сӕ иу ӕрдӕг — скӕсӕйнаг денджызмӕ, иннӕ — ныгуылӕйнаг денджызмӕ; сӕрдӕй, зымӕгӕй афтӕ уыдзӕн.


Ӕмӕ кӕд Хуыцауы кад Йӕ фӕрцы раргом ис, уӕд Ӕй Хуыцау Йӕхӕдӕг дӕр скадджын кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ скадджын кӕндзӕн рӕхджы.


Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы — Ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй цӕуы, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕни Мӕн тыххӕй.


Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон».


Йесо ист ӕрцыд Хуыцауы рахизфарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ.


Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн.


Уый тӕмӕнтӕ калдта Хуыцауы кадӕй. Йӕ рухсгӕнӕн уыди тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, дзӕнхъайы ӕнгӕс рухсдзыд яшмӕйы хуызӕн.


Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн Ӕз царддӕттӕг суадонӕй лӕвар бануазын кӕндзынӕн.


Фӕстаг рынтӕй йедзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрбацыди мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы».


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


Зӕд мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг. Ӕмӕ пехуымпарты Йӕ Удӕй разӕнгардгӕнӕг Бардарӕг Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йӕ цагъартӕн равдисынмӕ».


Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.


Ӕз фехъуыстон, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдон се ’ппӕт дӕр — уӕларвыл, зӕххыл, зӕххы бын, денджызы — дун-дунейы чидӕриддӕр ис, уыдон цы дзырдтой, уый: «Паддзахы бадӕны Бадӕгӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн — арфӕ, кад, намыс ӕмӕ ӕппӕт бартӕ мыггагӕй-мыггагмӕ!»


Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та — цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уӕрыккӕн уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, ахӕм хуыз. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты — ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan