Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 21:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Дыууадӕс кулдуары — дыууадӕс дзындз фӕрдыджы: алы дуар дӕр — иу дзындз фӕрдыгӕй. Сахары уынг уыдис ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 21:21
10 Iomraidhean Croise  

Рухсмонуатӕн йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд уыдысты ӕмиӕстӕ — ссӕдзгай ӕлмӕринтӕ. Соломон ӕй иууылдӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. Стӕй, кедр хъӕдӕй цы нывондхӕссӕн скодта, уый дӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


Сылгоймагыл уыди тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх дарӕс, фӕлыст уыди сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ дзындзытӕй; йӕ къухы — йӕ хъахбайдзинады ӕлгъаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕй йемыдзаг сыгъзӕрин кӕхц.


«Додойаг фӕдӕ, додойаг, гӕн хъуымацӕй, сырх ӕмӕ сӕнт сырх уӕфтӕгтӕй дарӕс кӕуыл ис, сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ дзындзытӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар!


Сахарӕн йӕхи, йӕ къул ӕмӕ йӕ дуӕрттӕ барынӕн, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕдмӕ уыди сыгъзӕрин лӕдзӕг.


Сахары къул уыдис яшмӕйӕ, сахар йӕхӕдӕг та — ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


сахары уынджы хӕд астӕуты. Йӕ фӕйнӕфарс дӕр зади, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, ахӕм царды бӕлас. Йӕ сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос.


Паддзахы бадӕны раз уыдис цыдӕр — авджын денджызы хуызӕн, дзӕнхъайау ирд. Паддзахы бадӕн кӕм уыди, уыцы бынаты хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар уӕларвон удгоймаджы бирӕ цӕстытимӕ, разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan