14 Сахары къулӕн ис дыууадӕс бындуры, уыдоныл фыст сты Уӕрыччы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ.
Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.
Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.
Хӕлттӕ сӕппӕрстой, Матфийы хал схаудта, ӕмӕ иуӕндӕс апостолимӕ бамбал ис.
Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.
Сымах дӕр лӕуут, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй сарӕзтой, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг кӕмӕн у, уыцы бындурыл.
Уыцы сусӕгдзинад адӕмы раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом нӕ уыд, ныр та Сыгъдӕг Уды руаджы раргом Чырыстийы сыгъдӕг апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн.
Ӕмӕ Уый иуты сӕвӕрдта апостолтӕй, иннӕты — пехуымпартӕй, аннӕты — Фарны Уац хъусынгӕнджытӕй, кӕйдӕрты та — фыййӕуттӕй ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй,
Уымӕн ӕмӕ Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, Хуыцау йӕ нывгӕнӕг ӕмӕ аразӕг кӕмӕн у, уыцы сахармӕ.
Фӕлӕ сымахӕй, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рох ма уӕд, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы апостолтӕ рагагъоммӕ цы загътой, уый.
Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.
Скӕсӕнӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары, цӕгатӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары, хуссарӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары, ныгуылӕнӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары.