11 Уый тӕмӕнтӕ калдта Хуыцауы кадӕй. Йӕ рухсгӕнӕн уыди тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, дзӕнхъайы ӕнгӕс рухсдзыд яшмӕйы хуызӕн.
Сыгъзӕрин ӕмӕ авгӕй йын аргъ не скӕндзынӕ, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд мигӕнӕнтыл ӕй нӕ баивдзынӕ.
Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ, йӕ алфамбылӕйтты адӕм бӕрӕгбоны охыл кӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынӕтты сӕрмӕ равдисдзӕн, Йӕхӕдӕг уым кӕй ис, уый нысан: боныгон — ӕврагъ, ӕхсӕвы та — фӕздӕг ӕмӕ пиллон арты цӕджындз. Уыцы кады ӕмбӕрзӕн тыгъд уыдзӕн ӕппӕт сахары сӕрмӕ.
Удгоймӕгты сӕрмӕ уыди цыдӕр — ӕрдынӕджы ’нгӕс, тасӕфтауӕг кристаллы хуызӕн, уый йӕхи айтыгъта сӕ сӕрмӕ.
Сӕ сӕрмӕ цы ӕрдынӕг уыд, уый уӕлӕ уыди цыдӕр, сапфиртӕй конд паддзахы бадӕны ӕнгӕс, йӕ уӕлӕ та бадти чидӕр, адӕймаджы хуызӕн.
Дӕ базайрӕгтӕн нал уыди ныккӕнӕн, ӕмӕ ды байдзаг дӕ фыдракӕндтӕй, тӕригъӕд ракодтай. Фӕчъизи дӕ, ӕмӕ дӕ Ӕз Хуыцауы хохӕй раппӕрстон, цӕхӕркалгӕ дурты ’хсӕнӕй фӕсырдтон дӕу — хъахъхъӕнӕг херувимы.
Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.
Сахары алыварс ӕдӕппӕтӕй у ӕстдӕс мин ӕлмӕрины. Йӕ ном фидӕны уыдзӕни: «Дунедарӕг уым ис».
Кувӕндон байдзаг ис Хуыцауы кад ӕмӕ тыхы фӕздӕгӕй, ӕмӕ Кувӕндонмӕ бацӕуын никӕй бон уыдис, цалынмӕ авд зӕдӕн сӕ авд рыны фӕуой, уӕдмӕ.
Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,
Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.
Уый тӕмӕнтӕ калдта зынаргъ дуртау — яшмӕ ӕмӕ сердоликау. Паддзахы бадӕны алыварс изумрудау ӕрттывта арвӕрдын.
Паддзахы бадӕны раз уыдис цыдӕр — авджын денджызы хуызӕн, дзӕнхъайау ирд. Паддзахы бадӕн кӕм уыди, уыцы бынаты хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар уӕларвон удгоймаджы бирӕ цӕстытимӕ, разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр.