10 Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, ӕмӕ мӕ зӕд схаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ, фенын мын кодта Йерусалимы сыгъдӕг сахар уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ.
Ӕз ардыгӕй куы ацӕуон, уӕд дӕу, чи зоны, Дунедарӕджы Уд ахӕсса, кӕдӕм, уый нӕ зонын. Ӕмӕ Ахавӕн куы зӕгъон дӕу тыххӕй, ӕмӕ дӕ уый куы не ссара, уӕд мӕ амардзӕн. Ӕз та, дӕ цагъар, ме ’взонгӕй нырмӕ дӕр Хуыцауӕн аргъуыц кӕнын.
Загътой йын: «Дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъаруджын лӕджы ис дӕ цагъарты ’хсӕн. Бар ратт, ӕмӕ дын дӕ ахуыргӕнӕджы агурӕг ацӕуой. Кӕд ӕй, мыййаг, Дунедарӕджы Уд ахаста ӕмӕ йӕ искӕцы хохыл кӕнӕ исты тӕрфы ныппӕрста». Уый сын загъта: «Ма сӕ арвитут».
Хуыцауы Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ бакодта Дунедарӕджы Кувӕндоны скӕсӕйнаг кулдуармӕ. Кулдуары цур лӕууыди фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы. Се ’хсӕн сын федтон Аззуры фырт Иазанийы ӕмӕ Бенайайы фырт Пелатиайы, адӕмы фӕтӕгты.
Мӕн та Хуыцауы Удӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны Уд систа, ӕмӕ мӕ ахаста халдейаг зӕхмӕ, хаст адӕммӕ. Ам мӕ цӕстылуайӕн фӕцыдӕр ис.
Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ ахаста уырдыгӕй. Ӕз цыдтӕн, хъынцъымгӕнгӕйӕ, мӕстӕлгъӕдӕй, уымӕн ӕмӕ мыл Дунедарӕг Йӕ къухы уӕз ӕруагъта.
Ӕрбадардта мӕм къухы хуызӕн цыдӕр, мӕ сӕрыхъуынтӕй мӕ фелвӕста. Уд мӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕумӕ систа ӕмӕ мӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны ӕрхаста Йерусалиммӕ, йе ’ргом цӕгатӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уыцы мидӕггаг кулдуары цурмӕ. Уым лӕууыди, Дунедарӕгӕн Йӕ маст кӕмӕ сыгъди, уыцы гуымиры.
Донӕй куы рахызтысты, уӕд Филиппы фелвӕста Хуыцауы Уд, ӕмӕ йӕ евнух нал федта. Зӕрдӕрухсӕй дарддӕр цыди йӕ фӕндагыл.
Уӕларвон Йерусалим та сӕрибар у — не ’ппӕты мад.
Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]
Кувӕндоны ӕддаг кӕрт та ныууадз, ма йӕ сбар, уымӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн лӕвӕрд у: уыдон сыгъдӕг сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы.
Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, зӕд мӕ акодта ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ федтон, сырх сырдыл чи бадти, уыцы сылгоймаджы. Сырдыл фыст уыдысты Хуыцауы фауӕн бирӕ нӕмттӕ, уыдис ын авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы.
Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.
Уӕлахиздзауы скӕндзынӕн Мӕ Хуыцауы Кувӕндоны астӕуккаг цӕджындз, ӕмӕ дзы никуыуал рацӕудзӕн. Ныффысдзынӕн ыл Мӕ Хуыцауы ном, уӕларвӕй, Мӕ Хуыцауӕй, чи ӕрцӕудзӕн, Мӕ Хуыцауы уыцы ног сахары — Йерусалимы ном ӕмӕ Мӕ ног ном.
Сыгъдӕг Уд мӕ уайсахат систа, ӕмӕ мӕнӕ мӕ разы паддзахы бадӕн уӕларвы, паддзахы бадӕны та федтон Бадӕджы.