Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 21:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕз федтон ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх аивгъуыдтой, нал уыди денджыз дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 21:1
13 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.


Дунедарӕг кӕй ссӕрибар кӕна, уыдон цингӕнгӕ ӕрбаздӕхдзысты Сионмӕ, ӕнусон цин ӕнхъӕвздзӕни сӕ сӕрмӕ. Цинӕй райдзысты, мӕт ӕмӕ хъынцъымӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.


Ныр ӕнаккӕгтӕ та сты, ӕнӕнцой денджызы хуылфӕй сурмӕ лами ӕмӕ алы цъыф чи раппары, уыцы знӕт уылӕнтау.


Цы ног арв ӕмӕ ног зӕхх сфӕлдисон, уыдон ӕдзух Мӕ цӕсты раз куыд уыдзысты, уыйау уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕмӕ уӕ ном дӕр. Уый уын зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.


Денджызӕй кӕрӕдзийы фӕдыл цыппар стыр сырды рацӕуынц, ӕмӕ дзы иу иннӕйы хуызӕн нӕу.


Йе сфӕлдыст дуне кӕй фервӕздзӕн мӕлӕты ӕфсондзӕй ӕмӕ Хуыцауы хъӕбулты сӕрибар ӕмӕ кад кӕй райсдзӕн, уымӕй.


Хуыснӕг куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕни Бардарӕгӕн Йе ’рцыды бон дӕр. Арв фӕцыдӕр уыдзӕн ӕрвнӕрды хуызӕн гыбар-гыбуримӕ, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон ныппырх уыдзысты ӕмӕ цӕхӕр фестдзысты, зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр тӕрхонмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.


Фӕлӕ махӕн Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстад кӕм ӕрцӕрдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ.


Ӕз лӕууыдтӕн денджызы был змисыл ӕмӕ федтон денджызӕй рацӕйцӕугӕ сырды. Уыдис ын дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры; йӕ сыкъатыл уыди дӕс кады худы, йӕ сӕртыл та — Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ.


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Паддзахы бадӕны Бадӕг загъта: «Мӕнӕ ӕппӕт дӕр фӕлдисын ногӕй». Ӕмӕ ма загъта: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ раст ӕмӕ ӕцӕг сты».


Арв тыхтонау ӕрбампылд ӕмӕ фӕцыдӕр. Алы хох ӕмӕ сакъадах дӕр йӕ бынатӕй фенкъуысыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan