5 Иннӕ мӕрдтӕ та нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы рацыди, уӕдмӕ. Уый у фыццаг райгас.
Тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын ӕй бафидын кӕй нӕу, уымӕй. Уымӕн ӕмӕ дын уый тыххӕй рӕстудты райгасы бон хӕрзиуӕг рардӕуыдзӕн».
Кӕд, Хуыцау сыл Йӕхи кӕй атигъ кодта, уый фӕрцы ӕгас дуне Хуыцауимӕ бафидыдта, уӕд сӕм Хуыцау ногӕй Йе ’ргом куы раздаха, уӕд уый та цы уыдзӕн? Мӕрдтӕй райгас нӕ уыдзӕн, ӕви?
ӕз дӕр мӕрдтӕй кӕй райгас уыдзынӕн, ууыл мӕ зӕрдӕ даргӕйӕ.
Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон.
Фӕлӕ сӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Хуыцау бауагъта цард, ӕмӕ слӕууыдысты сӕ къӕхтыл. Чи сӕ федта, уыдон баисты стыр тасы амӕттаг.
Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».