Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 20:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕн лӕууыны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 20:4
40 Iomraidhean Croise  

Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.


Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзахы бартӕ айсдзысты Иууылбӕрзонды сыгъдӕджытӕ, ӕмӕ паддзахдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни сӕ къухы“.


Фӕлӕ Ӕнусты Цӕрӕг куы фӕзынд, уӕд тӕрхон Иууылбӕрзонды сыгъдӕджыты пайдайӕн ахицӕн. Афон куы ӕрцыди, уӕд паддзахы бартӕ айстой сыгъдӕджытӕ.


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“.


Уалынмӕ паддзахы бадӕнтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ Ӕнусты Цӕрӕг къӕлӕтджыны ӕрбадти. Йӕ дарӕс — митӕнгӕс, Йӕ сӕрыхъуынтӕ — урс цагъд къуымбилы хуызӕн,


Мӕнӕ уӕм ӕз Дунедарӕджы стыр ӕмӕ тӕссаг боны размӕ арвитдзынӕн пехуымпар Илийайы.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ кадджын паддзахы бадӕны куы ӕрбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, дыууадӕс бадӕныл ӕрбаддзыстут ӕмӕ Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕндзыстут.


Уӕд бирӕтӕ уырнындзинад ныууадздзысты, кӕрӕдзиуыл гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон суындзысты.


Фӕлӕ Ирод, уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, загъта: «Уый, ӕз йӕ сӕр кӕмӕн акъуырдтон, уыцы Иоанн райгас ис».


Уайтагъд йӕ хъахъхъӕнджытӕй иуы Иоанны сӕр ӕрбахӕссынмӕ арвыста.


Ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Уӕдӕ динамонджытӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, Чырыстийы размӕ уал, дам, Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа?»


Илийайы уд ӕмӕ хъаруимӕ цӕудзӕни Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй фыдӕлтӕ ӕмӕ сӕ цоты зӕрдӕтӕ раздаха кӕрӕдзимӕ, хивӕндты раст зондыл сараза ӕмӕ адӕмы бацӕттӕ кӕна Бардарӕджы ӕрцыдмӕ».


Тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын ӕй бафидын кӕй нӕу, уымӕй. Уымӕн ӕмӕ дын уый тыххӕй рӕстудты райгасы бон хӕрзиуӕг рардӕуыдзӕн».


цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.


Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ дуне нал фендзӕни Мӕн, сымах та Мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут.


Кӕд, Хуыцау сыл Йӕхи кӕй атигъ кодта, уый фӕрцы ӕгас дуне Хуыцауимӕ бафидыдта, уӕд сӕм Хуыцау ногӕй Йе ’ргом куы раздаха, уӕд уый та цы уыдзӕн? Мӕрдтӕй райгас нӕ уыдзӕн, ӕви?


Кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та, Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Чырыстиимӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ кадӕй дӕр.


Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд паддзахиуӕг дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм. Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм, уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Ӕмӕ Иоанн, цы федта, уыдон иууылдӕр фехъусын кодта. Афтӕмӕй уый ӕвдисӕн ныллӕууыд Хуыцауы ныхасӕн ӕмӕ радзырдта Йесо Чырыстийы тыххӕй.


Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос кӕй хонынц, уыцы сакъадахмӕ.


Фӕлӕ сӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Хуыцау бауагъта цард, ӕмӕ слӕууыдысты сӕ къӕхтыл. Чи сӕ федта, уыдон баисты стыр тасы амӕттаг.


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


Арвитдзынӕн Мӕ дыууӕ ӕвдисӕны, ӕмӕ уыдон сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕндзысты, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кӕндзысты мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны».


Се ’вдисӕнад куы фӕуой, уӕд семӕ стох кӕндзӕн дӕлдзӕхӕй рацӕуӕг сырд, фӕтых сыл уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн.


Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.


Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдонӕн сӕ хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕни мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты».


Ӕмӕ ӕз федтон артимӕ хӕццӕ авджын денджызау цыдӕр. Сырдыл, йӕ сурӕтыл, йӕ номы нымӕцыл чи фӕтых, уыцы адӕм Хуыцауы фӕндыртимӕ лӕууынц авджын денджызыл


Ды кӕй федтай, уыцы сырд уыди ӕмӕ нал ис. Уый рацӕудзӕн дӕлдзӕхӕй ӕмӕ ссардзӕн йӕ мӕлӕт. Дунейы райдианӕй зӕххыл цӕрджытӕй царды чиныджы кӕй нӕмттӕ фыст не сты, уыдон дисы бафтдзысты, чи уыди, чи нал ис ӕмӕ чи фӕзындзӕн, уыцы сырдмӕ кӕсгӕйӕ.


Чи фӕуӕлахиз уа ӕмӕ Мын кӕронмӕ коммӕгӕс чи разына, уымӕн Ӕз ратдзынӕн адӕмтӕн хицауиуӕг кӕныны бар,


Тӕхудиаг сты, мӕрдты фыццаг райгасы цард чи райсдзӕн, уыдон: дыккаг мӕлӕты бон сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы.


Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.


Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.


Паддзахы бадӕны алыварс — цыппар ӕмӕ ссӕдз паддзахы бадӕны. Уыцы бадӕнты бадтысты цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уыди сыл урс-урсид дарӕс, сӕ сӕртыл та — сыгъзӕрин кады худтӕ.


Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се ’вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ.


«Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты тӕрныхтыл мыхуыр сӕвӕрӕм, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут нӕдӕр зӕххӕн, нӕдӕр денджызӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan