6 Ӕниу дӕм хорзӕй уый ис, ӕмӕ, николаитты хъуыддӕгтӕ Мӕнӕн куыд ӕнӕуынон сты, афтӕ ӕнӕуынон сты дӕуӕн дӕр.
Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.
Ды Де ’ргом ма аздах мӕнӕй, мӕ хъыджы бон мӕм Дӕ хъус ӕрдар, куы Дӕм дзыназон — дзуапп мын ратт ӕвӕстиатӕй.
Дунедарӕг мӕ бӕллӕхы заман бамбӕхсдзӕни Йӕ цӕрӕны, бааууон кӕндзӕни Йӕ Цатыры, сисдзӕни мӕ къӕдзӕхы сӕрмӕ.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.