28 ӕмӕ йын Ӕз ратдзынӕн Бонвӕрнон.
Уӕ сӕууон стъалы, мӕнӕ куыд расхъиудтай арвӕй! Дӕ къӕхты бын адӕмы ссӕстай, ныр дӕхӕдӕг ныцъцъӕл ӕмӕ ныммур дӕ зӕххыл!
Пехуымпар ныхас раст кӕй у, уый нын афтӕмӕй раргом ноджы тынгдӕр. Ӕмӕ, цалынмӕ бон фӕцъӕх уа ӕмӕ сӕууон стъалы уӕ зӕрдӕты ссудза, уӕдмӕ уыцы пехуымпар ныхасмӕ, талынджы рухстауӕг цырагъмӕ здахӕгау, уе ’ргом кӕй здахут, уымӕй раст кӕнут.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.
«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».