27 Ӕз уыцы бар Мӕ Фыдӕй куыд райстон, афтӕ. Уый сӕ хиздзӕни ӕфсӕн лӕдзӕгӕй, ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау базгъӕлӕнтӕ уыдзысты,
Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.
Уӕ хъысмӕт уыдзӕн, ӕлыгӕй конд дурын ӕнауӕрдонӕй куыд ныппырх кӕнынц, уый хуызӕн — дурын базгъӕлӕнтӕ вӕййы, ӕмӕ дзы иу сӕстаг дӕр ахӕм нал баззайы, къонайы артӕй зынг цӕмӕй райсай, донуатӕй дон цӕмӕй сисай“».
ӕмӕ сын зӕгъ: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: дурынгӕнӕджы дурын куыд ныппырх ис ӕмӕ йӕ ӕрӕмбырдгӕнӕн куыннӕуал ис, афтӕ Ӕз ацы сахар ӕмӕ ацы адӕмы ныззыгуым кӕндзынӕн. Ӕмӕ Тофеты сӕ мӕрдтӕ ныгӕнынӕн бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн.
Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзахы бартӕ айсдзысты Иууылбӕрзонды сыгъдӕджытӕ, ӕмӕ паддзахдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни сӕ къухы“.
Фӕлӕ Ӕнусты Цӕрӕг куы фӕзынд, уӕд тӕрхон Иууылбӕрзонды сыгъдӕджыты пайдайӕн ахицӕн. Афон куы ӕрцыди, уӕд паддзахы бартӕ айстой сыгъдӕджытӕ.
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.
Мӕ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтӕ уын ӕй Ӕз дӕр дӕттын,
Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.
Сылгоймаг ныййардта, ӕппӕт адӕмты ӕфсӕн лӕдзӕгӕй чи хиздзӕн, ахӕм лӕппу. Ӕмӕ сывӕллон ист ӕрцыд Хуыцаумӕ, Хуыцауы паддзахы бадӕн кӕм ис, уырдӕм.
Йӕ дзыхӕй зынди цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ хиздзӕнис ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны Йӕ къӕхтӕй лӕмары сӕнӕфсир — Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн.