Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 2:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Мӕнӕ йыл Ӕз ӕфтауын низ; йемӕ чи хӕты, уыдон та сӕ митыл куынӕ ӕрфӕсмон кӕной, уӕд сӕ стыр бӕллӕхы баппардзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 2:22
16 Iomraidhean Croise  

Чи зоны, ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, цы бӕллӕхтӕ сыл ӕруадзинаг дӕн, уый бамбарой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза. Ӕмӕ сын уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныббардзынӕн».


Ӕгъатырӕй дӕ бафхӕрдзысты, байсдзысты дын де ’ппӕт фӕллӕйттӕ ӕмӕ дӕ ныууадздзысты мадард бӕгънӕгӕй. Уӕд раргом уыдзысты дӕ худинаг, де ’нӕфсармдзинад ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ.


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


Ӕз хъуыды кодтон: ацы сахары цӕрджытӕ Мӕ тӕрсдзысты, Мӕ зондамынд Мын сӕ зӕрдӕтӕм айсдзысты, ӕмӕ сын уӕд сӕ цӕрӕнбынат нӕ фесафдзынӕн, Мӕ азар сӕ нӕ баййафдзӕн. Фӕлӕ уӕ хъуыддӕгтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой.


Зӕгъын уын, нӕ уыдысты! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут.


Нӕ, зӕгъын уын! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».


Куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд та мӕ Хуыцау сымах тыххӕй куы фегад кӕна ӕмӕ кӕуинаг куы фӕуон, тӕригъӕды чи бацыди ӕмӕ йӕ чъизи хъуыддӕгтӕ, йӕ хъахбайдзинад ӕмӕ ӕлгъаг митыл фӕсмон чи нӕ фӕкодта, бирӕ ахӕм адӕмтыл.


Зӕххон паддзӕхтӕ йемӕ хъахбай митӕ фӕкодтой, зӕххон цӕрджытӕ расыг кодтой йӕ хъахбайдзинады сӕнӕй».


Зӕххон паддзӕхтӕ хъахбай митӕ кодтой йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты йӕ бирӕ исбонӕй».


Йемӕ хъахбай митӕ ӕмӕ хъалцард чи кодта, уыцы зӕххон паддзӕхтӕ йын йӕ арты фӕздӕг куы феной, уӕд ыл ныккӕудзысты ӕмӕ ныдздзыназдзысты.


Уӕдӕ цы бӕрзӕндӕй ӕрхаудтӕ, уый ӕрымыс, ӕрфӕсмон кӕн ӕмӕ дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ араз. Куы не ’рфӕсмон кӕнай, уӕд дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ цырагъдарӕн айсдзынӕн йӕ бынатӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan